Æрдзы хъахъхъæды æмæ хъæууон хæдзарады министр Отар Шамугиа Дунейон Банкы иудадзыг минæварæн Хуссар Кавказы регионы Рональд Прайсимæ фембæлдис. Æрдзы хъахъхъæды æмæ хъæууон хæдзарады министрады мнформацийæ, фембæлдыл фарсытæ Дунейон Банкы æххуысæй бæстæйы, хъæууон хæдзарады æмæ æрдзы хъахъхæды æрдгæй цæугæ проекттæ æмæ фидæнон æмгуыстады фарстатæ æркастысты.
Отар Шамугиа Дунеон ьанкимæ æмгуыстады нысаниуæгыл фæныхас кодта æмæ бæстæйы мелиорацион инфраструктурæйы, зæххы фæктдæттыны, хъæууон хæдзарады æрдгæй уæвæг расидтытыл æмæ иумæйаг проекттæй нырид райсгæ фæстиуджытæм раздæхта йæ хъусдард.
Рональд Прайс куыд банысан кодта афтæмæй, Гуырдзыстоны æмæ Дунеон Банкæн азты дæргъы æнтыстджын æмгуыстад ис æмæ фидæны ахастытæ ноджы ахастытæ ноджы фæарфдæр уыдзысты.
Фембæлдыл уыдысты æрдзы хъахъхъæды æмæ хъæууон хæдзарады министры хæдивæг Тенгиз Насаридзе, министрады æмбæлгæ куыстыты æмæ Дунейон Банкы минæвæрттæ.