Ираклий Гъарибашвили - Гуырдзыстон иуæй-иу сеппæтæй  цырд рæзгæ  экономикæ  у дунейы, 2021 æмæ 2022  азты дыууæнысанон экономикон рæзт уыд, рæзт нырмадæр бæрзонд у  æмæ 7.2 % сфиксир ис  2023 азы январ-июлы
Ираклий Гъарибашвили - Гуырдзыстон иуæй-иу сеппæтæй цырд рæзгæ экономикæ у дунейы, 2021 æмæ 2022 азты дыууæнысанон экономикон рæзт уыд, рæзт нырмадæр бæрзонд у æмæ 7.2 % сфиксир ис 2023 азы январ-июлы

Гуырдзыстон иуæй-иу сеппæтæй  цырд рæзгæ  экономикæ  у дунейы, – уый фæдыл  Гуырдзыстоны премьер-министр  Ираклий Гъарибашвили  æнæцудгæ  райрæзты  нысæнтты  саммитыл   райхъусын кодта, цы ран хайад райста  лидерты  диалогы  форматы  уагъд дискуссийы,  –  «Интеграцигонд политикæйы æмæ паддзахадон институтты стынг кæнын æнæцудгæ  райрæзты  нысæнттæм баххæссынæн».

Хицауады сæрдары дзырдæй  2021 æмæ 2022  азты дыууæнысанон экономикон рæзт  сфиксир ис,   рæзт  нырмадæр бæрзонд у  æмæ 7.2 прцоент сфиксир ис  2023 азы  январ-июлы.

«Мæ  хиицауад  2021  азы   ноджы  фæхуыздæр  кодта  локализацийы  план  æнæцудгæ райрæзты нысæнтты  æлхынцъаг  æмвæзадмæ  интеграцидзинадæн.  Ацытæккæ   планы  фæрцы   Гуырдзыстоны 64 муниципалитæй  32  хайад исынц  æнæцудгæ  райрæзты  нысæнттæ  æрфидар кæныны. 2025 азмæ  алы  муниципалитет ацы процессы  уыдзæн  баст.

Локализацийы  ацы   тыхархайд  фемдзыд ис  мах цы  хицауадон документ бакуыстам «цæстæнгас 2030- Гуырдзыстоны  райрæзты стратеги» уыимæ,  кæцы   райрæзты  сæйраг   националон приоритеттæ  æвдисы ИНО-йы  æнæцудгæ  райрæзты бонвæткмæ æмбæлгæйæ.

Уыимæ нæ хицауад  архайы   райрæзын кæна  координацион   фæрæзтæ  æмæ æргомдзинады механизмтæ.  Ацы нысанæн   сараздзыстæм  мониторингы системæ ИНО-йы  æнæцудгæ райрæзты нысæнтты  националон бонвæткæн  æмæ æнæцудгæ райрæзты  нысæнтты  реалон рæстæджы  ранæуæг кæнынæн.

Махæн нæ нысаниуæг   æнтыстытæ  Гуырдзыстоны æвдисынц куыд бизнесы æмæ  финансты глобалон   центрæй.  Гуырдзыстон иуй-иу сеппæтæй  цырдæй  рæзгæ  экономикæ у Дунейы;  дыууæнысанон  рæзт сфиксир ис  2021 æмæ 2022 азты.  Рæзты нырма дæр бæрзонд у æмæ  7.2% сфиксир ис 2023 азы январ-июлы.

Гуырдзыстоны, куыд  бæрнон   глобалон  хъазæгы позици, кæцы размæ фæцæуы  2030  азы  бонвæткæй,  æвдыст у  йæ  бирæнымæцон  фадыгон политикæйы, кæцыйæн   йæ  нысан у   мæгуырдзинад фæкъаддæр кæнын, социалон инклюзийæн  къухсаразын, ахуырад рæувадатдзинад фæхуыздæр кæнын,  ноггæнгæ энергийы  æрдæмад  райтынг кæнын æмæ  экохæларон туристон  практикæ  æрфидар кæнын», – райхъусын кодта Гуырдзыстоны премьер.