Себастьян Молинеус – цæттæ стæм Гуырдзыстонæн баххуыс кæнæм ацы вазыгджын периоды
Аналитикон куыст кæнæм, финансон æххуыс кæнæм бахъуаджы цауы æмæ цæттæ стæм, куыдфæндыдæр баххуыс кæнæм Гуырдзыстонæн ацы вазыгджын периоды, – уый фæдыл Хуссар Кавказы Дунейон банкы регионон директор, Себастьян Молинеус райхъусын кодта.
Йæ дзырдæй, зæгъгæ Дунейон банк афойнадон æххуыс кæны Гуырдзыстонæн. Сæрмагондæй та, анализ кæны финансты министрадимæ æмæ Национ Банкимæ иумæ, цы æндæвдад уыдзæн Украинайы цæугæ хæст æмæ Уæрæсейы ныхмæ æрбайст санкцитæн Гуырдзыстоны экономикæйыл.
«Ничи зоны цас рæстæг аххæсдзæн ай æппæт, хуыздæры ныфс нæм хъуамæ уа æмæ нæхи та цæттæ кæнæм фыддæрмæ. Дунейон Банк рагон партнер у Гуырдзыстонæн, 30 аз у, æмæ фидæны дæр дарддæр кæндзыстæм хъæддых партнерад Гуырдзыстонæн ацы вазыгджын рæстæджы», – райхъусын кодта Молинеус.
Себастьян Молинеусы дзырдæй, нырма раджы у экономикон рæзтыл ныхас кæнын.
«Æцæгдæр нæ прогнозтæ сты ахæм, ома Гуырдзыстонæн рæзт 5.5%æй 2.2%-ы онг æрхаудзæн. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, фыццаг æртæ мæй абаргæйæ фидар уыдысты, иннæ æртæ мæйы уыдзысты критикон, стæй, мæ хуъыдымæ гæсгæйæ, бирæ хуыздæр уавæр уыдзæн, цæмæй аргъ скæнæм, цавæр уыдзæн реалон рæзт Гуырдзыстонæн ацы аз. Фæлæ мæ фæнды бахахх кæнын, цæмæй рæзт афæдзы фыццаг æртæ мæйы реалонæй хъæддых уыдис», – райхъусын кодта Молинеус.