ИНО-йы хыгъдлæвæрдмæ гæсгæйæ, ХПÆ-ы æмæ Гуырдзыстоны  2023  азы экономикон  рæзт фæсындæг уыдзæн, фæлæ æнхъæлмæкæсинаг бæрцæй къаддæрдæрдæр
ИНО-йы хыгъдлæвæрдмæ гæсгæйæ, ХПÆ-ы æмæ Гуырдзыстоны 2023 азы экономикон рæзт фæсындæг уыдзæн, фæлæ æнхъæлмæкæсинаг бæрцæй къаддæрдæрдæр

Хæдбар паддзахадты æмгарады (ХПÆ) æмæ Гуырдзыстоны 2023  азы   экономикон рæзт фæкъаддæр уыдзæн, фæлæ  æнхъæлмæксинаг цы уыдис,  уыцы бæрæггæнæнæй  цъус. Уый фæдыл дзырдæуы   ИНО-йы  «Дунейы  экономикон  уавæр æмæ перспективæтæ 2023»-ы  хыгъдлæвæрды.

Документмæ гæсгæйæ,  2022  азы   глобалон   экономикæйыл фæзындис   рæнхъ  сæйраг æмæ   кæрæдзийытынгкæнæг   шоктæ, –  «Ковид-19»-ы пандеми,  Хæст Украинайы  æмæ уый фæстиуæгæн   сæвзæргæ   хойраджы  æмæ энергетикон   кризистæ, инфляцийы   рæзт,   хæсы  уаргъы фæуæззау æмæ сæрмгаонд  уавæр  Климаты  фарстаты.

Хыгъдлæвæрды  куыд  дзырдæуы  афтæмæй,  ацы  фоныл   æнхъæлмæкæсинаг у , цæмæй  глобалон  кондады  рæзт 2022  азы  уæвæг  æртæ   процентæй  2023 азы   1,9 проенты  онг фæсындæг уыдзæн, кæцы  иуæй-иу  сеппæтæй  ныллæгдæр    рæзты  темп  уыдзæн дæсгай  азты  дæргъы.

ИНО-йы хыгъдлæвæрдмæ  гæсгæйæ,   ХПÆ-ы æмæ   Гуырдзыстоны  иумæйаг æмтгæйон мид продукты 2022  азы   бæрæггæнæнтæ, 3,3  процентæй  фæсындæг уыдзæн.

«Аргълæвæрдмæ гæсгæйæ,  ХПÆ-ы æмæ   Гуырдзыстоны  иумæйаг   æмтгæйон мид продукты (ÆМП) 2022 азы  бæрæггæнæнтæ 3,3  процентæй  фæкъаддæр уыдзæн.  Æнхъæлмæ кæсинаг  у, цæмæй 2023  азы  регионы  иумæйаг  ÆМП ( Украинайы цух, кæцыйы  прогноз рæувадат нæу) ноджы иу  процентæй   фæкъаддæр уыдзæн æмæ  2024 азы  2,3 процентæй   райрæздзæнис. Ацы аргълæвæрдтæ сæрмгаондæй  æнкъараг сты  хæсты цыды  æмæ   дæргъвæтиндзинады  тыххæй», –  дзырдæуы  хыгъдлæвæрды.