Сау Денджызы, Турчы былгæрон фæдæлдон ис уæрæссейаг уæзласæн нау
Сау денджызы Турчы былгæрон фæдæлдон ис уырыссаг уæзласæн нау. Уый фæдыл информаци хъусын кæнынц уырыссаг æмæ туркаг медиа фæрæзтæ. Афтæдæр сæ информацийæ, экипажы æртæ уæнгы фервæзын кодтой.
Цау Бартины провинцийы, Инкумуйы районы донбылмæ æввахс æрцыд. Провинцийы губернаторы хъусинагæй, экипаж зæгъгæ уыд 15 уæнгæй, æмæ сæ фервæзын кæнынæн агурæн-рвæзынгæнæн операци дарддæр кæны. Æнхъæлцау, экипажы уæнтæ сты æртæ ирвæзынгæнæн науыл.
Губернаторы дзырдæй, ирвæзынгæнæн науты фæдæлдоны кæнæ фæмардуæвджыты фæдыл информаци нæ хæлиу кæны. Ирвæзынгæнджыты куыст та куылымпы кæны боныгъæд.