Лабораторион  иртасæнмæ гæсгæйæ, Сау Денджызы  доны  гъæд  æппæт периметрыл нормæйы фæлгæтты ис
Лабораторион иртасæнмæ гæсгæйæ, Сау Денджызы доны гъæд æппæт периметрыл нормæйы фæлгæтты ис

Уагъд лабораторион  иртасæнмæ  гæсгæйæ   Сау денджызы   доны гъæд  æппæт периметрыл  нормæйы  фæлгæтты  ис.

Информаци хъусын кæны   æрдзы националон  агентад.

«Æрдзы хъахъхъæды æмæ  хъæууон хæдзарады  министрады   æрдзы националон агентад   Сау Дендлжызы   доны  гъæды   мониторинг  фараст  станцæйл æрвылмæййонæй  уадзы,  цæмæй  дæр бæрæг  кæны  сæйраг физикъон-химикон   параометртæ  – цас  цæхджын у уымæ гæсгæ дæр, афтæма  доны    туаггуыры  æмæ  биогенон   элементтæ    куыд сты  сконды.  Цæуы   уæзау  металты  æмæ  органон    чъиззигæнджыты   иртасæн   уæлцъар  æмæ    доны бын  цъары дæр.

Евроцæдисы  денджызон   стратегийы фæлгæт-директивæмæ æмбæлгæйæ, æрдзы  националон агентад   хуыздæр кæны  мониторингы системæтæ.  Ацы  этапыл  нырид   æлхæд у  нырыккон  стандартты  лабораторион    мигæнæнтæ, кæцыты  фæрцы  дырыс  сбæрæг вæййы  спецификон   чъиззигæнджытæ.   Æрдзы  националон  агентады  уагъд  лабораторион иртасæнмæ  гæсгæйæ,  денджызы  доны гъæд æппæт перимтрыл   нормæйы фæлгæтты  ис», –   банысангонд у  ахæлиугонд информацийы.