Йенс Столтенберг -  Сау денджызы фæфылдæр кодтам нæ минæварад, уымæн æмæ Сау денджыз  НАТО-йæ стратегионæй нысаниуæгджын  у
Йенс Столтенберг - Сау денджызы фæфылдæр кодтам нæ минæварад, уымæн æмæ Сау денджыз НАТО-йæ стратегионæй нысаниуæгджын у

Мах райрæзын кодтам  Сау Денджызы  регионы  нæ минæварад,  уымæн æмæ  Сау денджыз  у НАТО-йæн  стратегионæй  нысаниуæгджын – уый фæдыл НАТО-йы  генералон нымæрдар  Йенс Столтенберг  НАТО-йы  хъахъхъæнынады министериалы  фыццаг боны  фæуды фæстæ  прессконференцийыл   райхъусын кодта.

Йенс Столтенберг  куыд банысан кодта афтæмæй,   Сау денджызы æртæ бæстæ, Турк, Румыни æмæ Болгари  сты НАТО-йы  уæнгтæ, афтæма ацы регионы  ис дыууæ тынг  хæстæг партнер  бæстæ – Гуырдзыстон æмæ Украина.

«Федтам  Хъырымы  æнæзаконон  анекси  æмæ  федтам Уæрæсейы агрессивон  архæйдтæ  Сау денджызы   регионы.   Райрæзын  кодта  нæ минæварад ацы регионы  сурзæххыл, уæлдæф æмæ  денджызы, афтæма иудадзыгæй  аргъ кæнæм, цæмæй  ма ноджы цæй саразын  у нæ бон,  хайгай   минæварады  нымæц  фæфылдæрæй,  афтæма бахъуажды цауы,    тыхты  цырдæй  арвитыны  фадæттæ  рæзын кæнынæй.  Ай у  уый  цæй тыххæй дæр нæ хъæуы  нæ тыхты  бæрзонд æмвæзадыл цæттæдзинад» – райхъусын кодта  Столтенберг.