Саломэ Зурабишвили – Тынг дзæбæх у, оппозицийы æмæ хицаугæнæг партийы æхсæн æвзарæнон реформæйы фæдыл бадзырдæй бæрæг фарстæтыл фидыд
Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвили æвзарæнон реформæйы тыххæй дискуссийы процессы кой кæны æмæ банысан кодта, ома райгонд у оппозицийы æмæ хицаугæнæг партийы 19 апрелы бадзырдæй бæрæг фарстæтыл фидыд.
«Цины хабар у оппозицийы æмæ хицаугæнæг парти æвзарæнон реформæмæ гæсгæ 19 апрелы бадзырдæй бæрæг фарстæтыл фидыд кæй æрцыд уый. Афтæма, ацы цы документы æввахс фидæны Венецийы Комиссимæ арвытин!.
Иттæг Нысаниуæгджын у ацы бадзырды алы пункты афоныл сыххæст кæнын.
Æвзарæнон реофрмæ уыдзæн размæ къахдзæф бæстæйы фидæны демократон райтынгæн» – фыссы Саломэ Зурабишвили.