Саломэ Зурабишвили – репресситы ныхмæ реагирдзинад уыдзæн нæ иумæйаг пълан
Саломэ Зурабишвили – репресситы ныхмæ реагирдзинад уыдзæн нæ иумæйаг пълан

«Репрессийы ныхмæ реагирдзинад уыдзæн нæ иумæйаг пълан.Ацы фæдыл æххæст информаци уын уыдзæн рæстæг куы æрцæуа» – расидтис журналисттæн Гуырдзыстоны раздæры президент Саломэ Зурабишвили «Лелойы» офисы.

Зурабишвилийы ныхасмæ гæсгæ, Мамука Хазарадзе æмæ Бадри Джапаридзейы уды уавæр хорз у.

«Политикон æгъдауæй репрессийы ахæм хуыз кæддæриддæр у лæмæгъдзинады нысан, уый у кæроны райдайæн, уымæ гæсгæ алчидæр уæм хъæбатырдзинад, куыд сты Мамук æмæ Бадри. Бирæ фæныхас кодтам иумæ. Тынг æнæфæцудгæ сты æмæ афтæ уыдзысты. Мах зонæм, цæмæй нæ хъæуы чысыл фæразондзинад, фæлæ ацы режим æцæгæйдæр баххæсыд ахæм этапмæ, цæмæй нын ницыуал баххуыс кæндзæн репресситы иумæйаг пълан. пълан.Уымæн уыдзæн æххæст информаци ацы рæстæг куы æрцæуа.Абон у рæстæг, цæмæй не ‘ппæтæн дæр ам уæм иумæ, æмзæрдæдзинад равдисæм Æхсæнад афтæдæр хъуамæ равдиса æмзæрдæдзинад æппæт политикон ахæсттимæ æмæ æппæт æфсармы ахæсттимæ, кæцытæ абон тох кæнынц нæ бæстæйы сæраппонд æмæ уыдон сты, цæмæй нæ бæстæйæн афтæ бирæ хъуыди. фæнд кæнæм ацы изæр, æндæр партнертимæ иумæ, нæ партнерты æрдæм расидæнтæ саразын.Ацы къуыри иуæй-иу сеппæтæй змæлæг хуыцаубон у Нæ æрмæст Иран-Израил æмæ Америкæйы цауты фæстæ, фæлæ ма уый тыххæй дæр, цæмæй НАТО-йы рабадт райсом райдайы, æмæ Евросоветы ацы къуырийы кæрон.

Уымæй дарддæр ма, Зурабишвили фæдагурæн комисы фæдыл банысан кодта, цæмæй дывæр стандарт ис, кæд æмæ искæмæн дистанционæй хайад райсыны фадат лæвæрд цæуы, Гиоргий Гахарийæн та фадат нæ лæвæрд æрцыд.

«Æцæгæйдæр сæ фæнды Гахариайы æрцахсын.Тынг дис кæнын, цæмæй иуæй-иутæн ис бар дистанционæй архайын ацы афтæ хуынæг къамисы æмæ иуæй-иутæн нæй.Уый у дывæрон стандарт æмæ тынг æнæмбаргæ у.Мах æмбарæм цы цæуы, фæлæ уæддæр æнæмбаргæ у» – райхъусын кодта Саломэ Зурабишвили.

Зæрдылдарæнæн, тæрхондон «Лелойы» лидертæн, Мамука Хазарадзе æмæ Бадри Джапаридзейæн, парламенты рæстæгмæ фæдæвзарæн къамисы куырдиат нæ сæххæст кæныны тыххæй, аст мæйы ахæстоны фæбадыны тæрхон рахаста. Уыдонæн дæр дыууæ азмæ нæ уагътой сæ бынат бацахсын.