Саломэ Зурабишвили – Партитæ, кæцытæ, куы парламентмæ бацæуынц, куы та «бæллицты» хъусынгæнинæгтæ сфæлхатт кæнынц, гадзрахатæй цæуджытæ сты, семæ иудзинадмæ баххæсын тынг зын у, фæлæ уæддæр бафæраздзыстæм

11:54, 06.03.2026

Партитæ, кæцытæ  куы парламентмæ бацæуынц æмæ куы-та «Бæллиц»-ы хъусынгæнинæгтæ сфæлхатт кæнынц, сты гадзрахатæй цæуджытæ, – фехъусын кодта Гуырдзыстоны раздæры президент, Саломе Зурабишвили социалон хызæгты, цы ран дзуапп дæтты адæмы фарстытæн.

Зурабишвилийы ныхасмæ гæсгæ, оппозицийæн уæддæр баххæсдзæн иудзинад.

«Мах хъуамæ адарддæр кæнæм тох, сфидар кæнæм иудзинад æмæ рамбулæм æвзæрстытæ, кæцыты уыдон æнæмæнгæй фæуæлахиз уыдзысты.Абон, æз нæ зонын «Бæллиц»-ы фарсхæцджыты, æрмæст уыцы адæймæгтæй дарддæр, кæцытæ комкоммæ кусынц куыд боттæ, æрцахсынц компромиссон æрмæгтимæ æмæ «Бæллиц»-имæ æхцаимæ æмхæццæ сты. къордтæ. Нæй ахæм адæймаг, кæцы æцæгæйдæр баззад æнæхъыгдардæй ацы уавæры. нал ис, нæдæр арæнтæ, цавæр уавæры ис нæ хъахъхъæнынады, нæ алыварс хæст цæуы æмæ Æдасдзинады совет нæ æмбырд кæны Ай у паддзахад?

Тынг ныфс мæ ис, ивгъуыд æвзæрстыты ныридæгæн кæй фæуæлахиз стæм, уымæй. Ног æвзæрстыты ноджы тыхджындæрæй фæуæлахиз уыдзыстæм, кæд æмæ нæ райдайæм кæрæдзи бынмæ æвæрын, кæрæдзи сайын, кæцы нæ хъыгдарæг фактортæй иу уыд æмæ кæцыйы абон дæр цалдæр партийæ уынæм. Ис ахæм партитæ, кæцытæ хатгай парламентмæ бацæуынц, хатгай фæлхат кæнынц «бæллиц»-ы хъусынгæнинæгтæ æмæ «бæллиц»-ы цæфтæ иннæ партитыл фæлхат кæнынц. Уыдон гадзрахатæй цæуджытæ сты, æмæ семæ иудзинадмæ баххæсын тынг зын у, фæлæ уæддæр нæ къухы бафтдзæн», -расидтис Саломэ Зурабишвили.

Хуыздæр