Сæумæрайсомы бæрæггæнæнтæй, Гуырдзыстоны вакцинаци ацыд 20622 адæймаг

Низты  контролы националон центры къухдариуæггæнæг  Амиран Гамхърелидзейы  дзырдæй,   абон  сæумæрайсомы бæрæггæнæнтæй,   бæстæйы  коронавирусы   ныхмæ  вакцинæйæ низы ныхмæ æфтыд у  20 622  адæймаг.

Афтæма  йæ  ныхæстæм æгсгæ,   зæгъгæ фæстаг иу къкуырийы  дæргъы,  вакцинацийы  астæуккаг  бæрæггæнæн  у  1200-ы  фæлгæтты.

«Хъæуы  нæ  3000-æй  4000-ы онг  æрвылбойнон вакцинаци, цæмæй  март-апрелы, бæстæйы  бæрæг  æхсæнадон иммунитет  саразæм.  3000-4000-ы онг  вакцинаци нын куы  уа,  уæд март-апрел-майы  200000-æй  300 мины  онг  иухаттонæй   æфтыд æмæ   50 000-ы онг  дыууæхаттонæй  æфтыд  адæймаг уыдзæнис. Алцыппæт хъуамæ саразæм бæстæйы, цæмæй   ацы æртæ мæймæ  вакцинацийы  æрвылбойнон бæрæггæнæны фæнысангонды бæрцмæ  схизæм», –  райхъусын кодта Амиран Гамхърелидзе.