Сæумæрайсомы бæрæггæнæнтæй, Гуырдзыстоны вакцинаци ацыд 20622 адæймаг
Низты контролы националон центры къухдариуæггæнæг Амиран Гамхърелидзейы дзырдæй, абон сæумæрайсомы бæрæггæнæнтæй, бæстæйы коронавирусы ныхмæ вакцинæйæ низы ныхмæ æфтыд у 20 622 адæймаг.
Афтæма йæ ныхæстæм æгсгæ, зæгъгæ фæстаг иу къкуырийы дæргъы, вакцинацийы астæуккаг бæрæггæнæн у 1200-ы фæлгæтты.
«Хъæуы нæ 3000-æй 4000-ы онг æрвылбойнон вакцинаци, цæмæй март-апрелы, бæстæйы бæрæг æхсæнадон иммунитет саразæм. 3000-4000-ы онг вакцинаци нын куы уа, уæд март-апрел-майы 200000-æй 300 мины онг иухаттонæй æфтыд æмæ 50 000-ы онг дыууæхаттонæй æфтыд адæймаг уыдзæнис. Алцыппæт хъуамæ саразæм бæстæйы, цæмæй ацы æртæ мæймæ вакцинацийы æрвылбойнон бæрæггæнæны фæнысангонды бæрцмæ схизæм», – райхъусын кодта Амиран Гамхърелидзе.