«Ройтер» - Китай Украинайы бафæдзæхста, цæмæй  китайаг компаниты  а.х. хæсты æхсæнадæмон  спонсорты номхыгъдмæ бакæнынæй, гæнæн ис базиан уой Китай-Украинайы  ахастытæ
«Ройтер» - Китай Украинайы бафæдзæхста, цæмæй китайаг компаниты а.х. хæсты æхсæнадæмон спонсорты номхыгъдмæ бакæнынæй, гæнæн ис базиан уой Китай-Украинайы ахастытæ

Китай бафæдзæхста Украинайы, цæмæй дæсæй фылдæр китайаг компанийы «хæсты æхсæнадæмон спонсортыл» банымад, гæнæн ис  дыууæ бæстæйы ахастытæн  разнаггад кæна.   Фæнысангонды фæдыл  информацион агентад  «Ройтерæн»  украинаг равзæрæн   фехъусын кодта. Ахæлиугонд  информацийæ,   рагфæдзæхст  Украинамæ  ивгъуыд мæйы фæхæццæ ис.

Китайы фæсарæн хъуыддæгты министрады, Украинайы  Китайы минæварады æмæ Украинайы фæсарæн хъуыддæгты министрады ацы темæйы фæдыл   комментарийæ сæхи уромынц.

Украина а.х.  хæсты æхсæнадæмон спонсорты номхыгъдмæ,  Дунейы масштабæй 48  компанийы  бахаста, сæ нымæцы 14 китайаг комапнитæ сты.  Украинайы нымайынц, цæмæй ацы  компаниты куыст, фæрссагæй æххуыс кæны   Украинайы  Уæрæсейы  хæстæн.