«Ройтер» - Германи, Гуырдзыстон, Иордани, Румыни æмæ Тунисы коронавирусæй тæссаг бæстæты номхыгъдмæ бахаста
Германи коронавирусы риск хæссæг бæстæты номхыгъдмæ бахаста Гуырдзыстон, Иордани, Румыни æмæ Тунисы. Информацийы уый фæдыл агентад «Ройтер» хъусын кæны.
Агентад куыд хъусын кæны афтæмæй, риск хæссæг бæстæты номхыгъдмæ бахæссын нысан кæны,уый æмæ ацы бæстæтæй Германимæ ныццæугæ адæймæгты бахъæудзæн карантинмæ ахизын.
Риск хæссæг бæстæты номхуыгъд Робер Къохы институт абон ранæуæг кодта. Ацы номхыгъды сты Нидерландты, Болгарийы, Хорватийы, Лиетувæйы цалдæр регион. Францы сакъадах Корсика та номгъыдæй ацух кодтой.
Германи регионты риск хæссæгыл уæд банымайы, кæд æмæ авд боны дæргъы «Ковид-19»-ы цауты нымæц 100 000 æмбæстагыл 50-йæ фылдæр свæййы.