«Ройтер» - Еврокомиси Евроцæдисы  бæстæтæн  банхъарыд, æрдзон газы импорты фæдыл   бадзырд  бафыссын Азербайджанимæ
«Ройтер» - Еврокомиси Евроцæдисы бæстæтæн банхъарыд, æрдзон газы импорты фæдыл бадзырд бафыссын Азербайджанимæ

Еврокомиси Евроцæдисы  бæстæтæн  банхъарыд, æрдзон газы импорты фæдыл   бадзырд  бафыссын Азербайджанимæ.  Информаци  «Ройтер»  хъусын кæны, кæцы фæнысангонд  документимæ æрзонгæ ис.

«Фарсытæ архайынц, бафыссын   æрдзон газæй дыууæфарсон базарад, уый нымæцы  Евроцæдисы экспорты  хардзыл, Хуссар  газы кæлидорæй, кæцыйы  гуырхаст  æрвылазонæй    æнæкъаддæр 20  миллиард  кубометры  бæрц  у æмæ уый  2027 азмæ  адарддæр уа», –  дзырдæуы  документы проекты.

Ивгъуыд азы  Европаг бæстæты, цахæмдæр сты Италиа,  трансадриатикон  хæтæлвæдæй  Азербайджанæй аст миллиард кубометр  æрдзон газы  экспорт сыххæст ис.