Сомихыстон æмæ Азербайджан, рывнæлдтой арæны демаркацийы процедурæмæ.
Уый фæдыл инфоормаци хъусын кæнынц Азербайджаны вице-премьер Шахин Мустафаев æмæ Сомихыстоны премьер-министр Никол Пашинян.
Азербайджаны вице-премьеры пресскуысты информацийæ, Сомихыстоны арæны цур фыццаг цæджындз ныссагъдтой. Афтæма ацы информацийы банысангонд у, цæмæй дыууæ бæстæйы экспертты къордтæ кусын дарддæр кæнынц.
Сомихыстоны премьер-министр та «Фейсбукы» фарсыл Сомих-Азербайджаны арæныл монтажгонд фыццаг цæджындзы къам публикаци скодта æмæ ныффыста: «Сомихыстон-Азербайджаны паддзахадон арæны Тавушы æмæ Хъазахы фадыгыл фыццаг арæйнон цæджындз уыд сагъд».
Ивгъуыд къуырийы Сомихыстоны æм Азербайджаны минæвæрттæ райхъусын кодтой, цæмæй дыууæ бæстæйы арæйнон 8 хъæуы цур делимитацийыл æрдзырдтой.