Роберт Фицо – НАТО æмæ Евроцæдис Украинайы æфсад æрлæууын кæныныл тæрхон кæнынц
Роберт Фицо – НАТО æмæ Евроцæдис Украинайы æфсад æрлæууын кæныныл тæрхон кæнынц

НАТО æмæ Евроцæдис  тæрхон кæнынц  Украинайы æфсад æрлæууын кæныныл, –  уый фæдыл  Словакийы премьер-министр  Роберт Фицо  хицауады æмæ  æдасдзинады  советы рабадты фæстæ райхуъсын кодта.

Словакийы  хицауады   сæрдары  дзырдæй,  зæгъгæ Братислава никуы  бавдисдзæни  æнхъарæн Украинайы словакаг   æфсæддæтты  уæвыны сбæлвырды фæдыл.

Роберт Фицойы  фидиуæнæй, иуæй-иу  уæнг  бæстæ бауагъдта   æвæццæгæнад, цæмæй уыдоны æмæ Украинайы æхсæн дыууæфарсон   бадзырды фæстæ, НАТО-ы æфсæддæттæ  архайдзысты Украинайы  территорийыл, фæлæ  бæрæг нæу цы рардтæ сыххæст кæндзысты  уыдон Украинайы, уымæн æмæ æрмæджытæ сты сусæг.

«Словакийæ иунæг  æфсæддон дæр нæ ацæудзæн Украинамæ», – райхъусын кодта Роберт Фицо.