Питер Стано – Евроцæдис хъыгдзинад æвдисы, цæмæй «фæсарæйнаг æндæвдады æргомдзинады» закъонопроект, 2023 азы марты æхсæнады æмæ æхсæнадæмон карз реакцимæ нæкæсгæ ноджы дæр кастæуы
Евроцæдис хъыгдзинад æвдисы, цæмæй «фæсарæйнаг æргомдзинады фæдыл» закъонопроект ноджы кастæуы 2023 азы марты æхсæнады æмæ æхсæнадæмон карз реакцимæ нæкæсгæ, – уый фæдыл Евроцæдисы бæрзонддæр минæвары пресспикеры Питер Станойы фидиуæны у банысангонд.
Станойы фидиуæнæй, Гуырдзыстоны хицаугæнæг партийы куырдиат, «фæсарæйнаг æндæвдады æргомдзинады фæдыл» закъонопроекты ногæй æрбахæссынмæ гæсгæ серьозон сагъæстæ расайдта.
«Евроцæдис бакой кæндзæн, Гуырдзыстоны хицауады æмæ хицаугæнæг партийы ивгъуыд азы дзырдлæвæрд, ахæм закъонопроекты «æнæуæлдайныхасæй» фæстæмæ асидыны фæдыл. Евроцæдис хъыгдзинад æвдисы, цæмæй уый ноджы кастæуы 2023 азы марты æхсæнады æмæ æхсæнадæмон карз реакцимæ нæкæсгæ.
Æмбæстагон дзыллæйы организацитæн ахъаззаг аууæлттæ саразын, бахъахъхъæнын æмæ медиайы сæрибардзинад сифтонг кæнын демократийы бындур у. Уымæн ма афтæдæр скуыддзаггæнæг нысаниуæг ис Евроцæдисы уæнгсуæвыны процессæн. Евроцæдис уын бакой кæндзæн, цæмæй Европаг совет Гуырдзыстонæн кандидаты статус ратта уымæ гæсгæйæ, ома Еврокомиссийы 2023 азы 8 ноябры рекомендацийы æмбæлгæ къахдзæфтæ уыдаит арызт. 9-æм къахдзæф йæ хъуыдыйы дары рекомендаци, ома Гуырдзыстон æмбæстагон дзыллæйы уæгъдибарæй куыст сифтонг кæна æмæ къахдзæф 1-аг та сиды Гуырдзыстонмæ, Евроцæдис æмæ йæ хæзнаты ныхмæ дезинформациимæ тох кæна.
Æргомдзинадæй, æмбæстагон дзыллæйы уæгъдибарæй архайыны фадат сæмбонд кæныны инструментæй мæ хъуамæ спайда кæной. Курæг стæм Гуырдзыстоны политикон лидертæй, райсой æмæ сыххæст кæной реформæтæ, кæцытæ Евроцæдисы уæнгсуæвынæн бавдыст æмæ Гуырдыстоны æмбæстæгты фылдæры хайы нысанмæ æмбæлон у. Евроцæдис сиды Гуырдзыстонмæ, демократийы, закъоны сæйрагдзинады æмæ адæймаджы бартæн къух саразыны æрдгæй йæхимæ цы хæс райста, уый сыххæст кæна», – банысангонд у фидиуæны.