Азербайджан æмæ Сомихыстон арæйнон районы  кæрæдзийы  æхст райдаыны  зылынджын кæнынц
Азербайджан æмæ Сомихыстон арæйнон районы кæрæдзийы æхст райдаыны зылынджын кæнынц

Азербайджан æмæ Сомихыстон  арæйнон районы  кæрæдзийы  æхст райдаыны  зылынджын кæнынц. Азербайджаны хъахъхъæнынады министрады информацийæ, 15:10 сахатæй 17:35 сахатмæ Сомихыстоны гарзджын тыхтæ бацархайдтой   куыстытæ ауадзын  Азербайджаны æфсады  позициты раз  траншейы  инженеронæй фæхуыздæры нысанæн, Товузы  районы   цæрæн рæттæ – Хажалы, Агъбулагы, Агдамы, Гаралары, Кохне Гишлагы æмæ Гадабайы   æрдæм дарддæры  провокацитæн бындур саразынæн.  Азербайджаны  хъахъъхæнынады  уагдоны информацийæ, Азербайджаны æфсады  хайадты  уагъд  æнæаргъæвгæ  мадзæлтты фæстиуæгæн, куыстытæ  уайтагъд уыдысты урæд.

Азербайджаны  хъахъхъæнынады министрады  фидиуæнмæ гæсгæйæ 17:25 сахатыл, михыстоны гарзджын тыхты хайадтæ  Бердийы  районы Чинарлыйы  цæрæн раны  æрдæм уæвæг   позицтæй  æхст райдыдтой   Азербайджаны  æфсады позицитæм, кæцытæ  сты  Товузы районы   Мунджугълуйы  цæрæны раны æрдæм.

Параллелонæй Смиыстоны хъахъхъæнынады министрад хъусын кæны фидиуæн, кæцымæ гæсгæйæ  5 апрелы 17:05 сахатыл, хъæу Чинарлыйы  цур (Товушы район) æмæ 17:30 сахатыл  хъæу Верин Шоржайы цур (Гегъаркуникы район) Азербайджаны гарзджын тыхты хайадтæ сомихаг позицитыл æхст рйдыдтой.   Сомихыстоны хъахъхъæнынады  уагдон дезинформацийæ хоны  Азербайджаны фидиуæн сомихаг позицитæй æхст байгомы фæдыл.