Рекомендацитæ сыххæстыл  контрол  карздæр кæны
Рекомендацитæ сыххæстыл контрол карздæр кæны

Бæстæйы  вакцинæтæ  сындæггай  фылдæр æрхæццæ уыдзысты  æмæ нæ  фылдæр активондзинад хæъуы, уымæн æмæ   пандемийыл фæуæлахизы иунæг амал у  вакцинаци, –  уый фæдыл  низты контролы  националон центры къухдариуæггæнæг  Амиран Гамхърелидзе  фехуъсын кодта.

Уыимæ иумæ,   Гамхърелидзейы дзырдæй,   зæгъгæ æнæмæнгхъæугæ у, цæмæй эпидемиологтæй  цы рекомендацитæ ис,  уыдоны сыххæстыл  контрол  фæкарздæр уа.  Растдæр уый тыххæй  Амиран Гамхърелидзейы информацийæ, премьер-министр, æмбæлгæ  уагдæттæн бахæс кодта, цæмæй  контроль фылдæр фæкарз уа.

«Ацы  этапыл тобæтæ  æрыздахыныл ныхас нæ цæуы, фæлæ   рекомендацитæ сыххæстыл   карз контролы тыххæй дзырдæуы.   Премьер-министрæй  æмбæлгæ  уагдæттæм лæвæрд уыд барамынд, цæмæй  рекомендацитæ сыххæстыл  контроль фæкарздæр уа. Акæсдзыстæм, куыд уыдзæн  бæстæйы эпидемиологион уавæр æмæ  уæлæмхас мадзæлттыл  уынаффæ  уымæ  гæсгæ   цæудзæн», –   райхъусын кодта Амиран Гамхърелидзе.