Бæстæйы вакцинæтæ сындæггай фылдæр æрхæццæ уыдзысты æмæ нæ фылдæр активондзинад хæъуы, уымæн æмæ пандемийыл фæуæлахизы иунæг амал у вакцинаци, – уый фæдыл низты контролы националон центры къухдариуæггæнæг Амиран Гамхърелидзе фехуъсын кодта.
Уыимæ иумæ, Гамхърелидзейы дзырдæй, зæгъгæ æнæмæнгхъæугæ у, цæмæй эпидемиологтæй цы рекомендацитæ ис, уыдоны сыххæстыл контрол фæкарздæр уа. Растдæр уый тыххæй Амиран Гамхърелидзейы информацийæ, премьер-министр, æмбæлгæ уагдæттæн бахæс кодта, цæмæй контроль фылдæр фæкарз уа.
«Ацы этапыл тобæтæ æрыздахыныл ныхас нæ цæуы, фæлæ рекомендацитæ сыххæстыл карз контролы тыххæй дзырдæуы. Премьер-министрæй æмбæлгæ уагдæттæм лæвæрд уыд барамынд, цæмæй рекомендацитæ сыххæстыл контроль фæкарздæр уа. Акæсдзыстæм, куыд уыдзæн бæстæйы эпидемиологион уавæр æмæ уæлæмхас мадзæлттыл уынаффæ уымæ гæсгæ цæудзæн», – райхъусын кодта Амиран Гамхърелидзе.