Реджеб Тайип Эрдогъан – Уæрæсейы къахдзæф, кæцыйы нымайæм æхсæнадæмон барады  ныхмæ,  уæззау  рæхуыст у регионы сабырдзинад æмæ стабилондзинадæн
Реджеб Тайип Эрдогъан – Уæрæсейы къахдзæф, кæцыйы нымайæм æхсæнадæмон барады ныхмæ, уæззау рæхуыст у регионы сабырдзинад æмæ стабилондзинадæн

Уæрæсейы  æфсæддон архæйдтытæ  Украинайы  ныхмæ   нæрайсгæ  сты», –   уый  фæдыл Турчы   президент Реджеб Тайип Эрдогъан  бæстæйы  æдасдзинады советы    рабадты  фæуды фæстæ райхъусын кодта.

Эрдогъаны  дзырдæй, зæгъгæ Уæрæсейы  ацы  къахдзæф,  кæцыйы Турк  æхсæнадæмон барадсастыл нымайы,   уæззау  рæхуыст у  регионы сабырдзинадæн æмæ стабилондзинадæн.

«Хъусын кæнын цæмæй нæрайсгæйыл нымайын  Уæрæсе  Украинайы ныхмæ  цы æфсæддон  операци  райдыдта  уый», –  банысан кодта  Турчы президент.

Параллелонæй  фидиуæн   ахæлиу кодта Турчы  фæсарæн хъуыддæгты министрад, кæцыйы мидæг банысангонд у цæмæй   Уæрæсейы   æфсæддон операци Украинайы  ныхмæ нæрайсгæ у.

Турчы   фæсарæн хъуыддæгты министрады хъусинагæй,    Уæрæсейы  лæбурд   у æнæрмæст Минскы бадзырды  скуынæг, фæлоæ ма  у æхсæнадæмо н абрады уæззау   саст  æмæ  тæссаг у  регионы  æмæ дунейы   æдасдзинадæн.

«Турк, кæцы  нымайы, цæмæй бæстæты  территорион   æнæхъæндзинад  æмæ суверенитет  хъуамæ уа  хъахъхъæд,   йæ ныхмæ  у,  хæцæнгарзы фæрцы  арæнты  ивдимæ. Уæрæсейы Федерацимæ нæ сидт у,   куыд гæнæн ис  афтæ  тагъд ныууадзæт    ацы æнæраст  æмæ æнæзаконон    архайд.  Нæ фарсхæцын Украинайы политикон   иудзинадæн, суевренитет æмæ территорион æнæхъæндзинадæн  адарддæр уыдзæн», –   банысангонд у   фидиуæны.