Уæрæсейы президент Владимир Путин иу бонæй Украинайы æхст фæурæды фæдыл бардзырд ратта.
Уырыссаг медиа куыд хъусын кæны афтæмæй, æхст фæурæды режим 6 январы, Мæскуыйы рæстæгæй, æхсæвы 12:00 сахатыл скусдзæн æмæ 7 январы 24:00 сахатмæ аххæсдзæн.
Уæдмæ а.х. Цыппурсон рæстæгмæ фидыд райхъусын кæныны фæдыл инициативæйæ Уæрæсейы патриарх Кирилл рацыд. Украинайы президенты офисы Кириллы инициативæ схуыдтой «циникон къæппæгæй».
Кремль афтæдæр сиды Украинамæ, бауромæт æхст, цæмæй «хæстон архæйдтыты цæрæг рæстдинон æмбæстæгтæн, бæрæгбоныл аргъуантæм æдæрсгæ рацйæуын уа сæ бон».