Путин Украинайы  æхст иу бонæй  фæуромыны  бардзырд ратта
Путин Украинайы æхст иу бонæй фæуромыны бардзырд ратта

Уæрæсейы  президент Владимир Путин    иу бонæй Украинайы æхст фæурæды фæдыл  бардзырд  ратта.

Уырыссаг медиа куыд хъусын кæны афтæмæй,   æхст фæурæды  режим   6 январы, Мæскуыйы   рæстæгæй, æхсæвы   12:00 сахатыл скусдзæн æмæ  7 январы  24:00 сахатмæ аххæсдзæн.

Уæдмæ  а.х.  Цыппурсон   рæстæгмæ   фидыд райхъусын кæныны фæдыл инициативæйæ  Уæрæсейы  патриарх Кирилл  рацыд.  Украинайы  президенты офисы Кириллы  инициативæ схуыдтой  «циникон къæппæгæй».

Кремль афтæдæр сиды  Украинамæ,   бауромæт æхст, цæмæй  «хæстон архæйдтыты цæрæг   рæстдинон æмбæстæгтæн, бæрæгбоныл   аргъуантæм æдæрсгæ  рацйæуын уа сæ  бон».