Путин Уæрæсейы Думайæн банхъарыд оккупацигонд Цхинвалимæ а.х. æфсæддон бадзырды «ратификаци» скæнын
Уæрæсейы президент Владимир Путин Паддзахадон Думаæйæн ратификацимæ бавдыста «боны фæткъы», кæцы оккупацигонд Цхинвалы а.х гарзджын тыхты хицæн хайадты, Уæрæсейы федерацийы гарзджын тыхты скондмæ ахизын дары йæ хъуыдыйы.
Информаций уый фæдыл æвæрд у Уæрæсейы Думайы бæрæггæнæнты базæйы – фыссы агентад «ТАСС».
А.Х. бадзырд къухбафыст æрцыд 31 марты. Де-факто хъахъхъæнынадыуагдоны минæвар Гасситы Ибрагим куыд дзуры афтæмæй, «Документ»-мæ гæсгæйæ, оккупацигонд регионы цæрджытæм уыдзæн фадат, æфсæддон куыст конрактæй æххæст кæной Уæрæсейы Федерацийы гарзджын тыхты, Уæрæсейы хъахъхъæнынады министрады 4-æм æфсæддон базæйыл.
«Иуæй-иу сæйраг домæн у, Хуссар Ирыстоны æмбæстагдзинадимæ иумæ гоймагмæ уа Уæрæсейы Федерацийы æмбæстагдзинад дæр. Афтæдæр, æнæмæнгхъæугæ æфсæддон службæ хъуамæ арвитой Хуссар Ирыстоны гарзджын тыхты» – хъусын кæны де-факто хъахъхъæнынады уагдоны минæвар Гасситы Ибрагим. Йæ информацийæ, ахæм уæнгтæ Цæгат Ирыстоны æфсæддон коммисариаты хъуамæ ауадзой сæхи регистрацийы. Уæрæсейы 4-æм æфсæддон базæйыл куыст райдайыны фæстæ та уыдон суыдзысты Уæрæсейы Фдерацийы æфсæддон кусджытæ æмæ исдзысты алы уыцы уæлбартæ кæцытæй пайда кæнынц Уæрæсейы æфсæддæ.
А.х. бадзырдмæ æмблгæйæ, де-факто тыхты реформиркæнын план кæны æмæ «ратификацигонд бадзырдты баивды фæстæ, 3 мæймæ, сырæздзæн ног организацион-штатон структурæ. 6 мæймæ та сæххæст уыдзæн ацы структурæмæ ахызт» – фыссы оккупацигонд Цхинвалы регионы информацион агентад «Рес».