Путин Уæрæсейы Думайæн банхъарыд оккупацигонд Цхинвалимæ а.х. æфсæддон бадзырды «ратификаци» скæнын
Путин Уæрæсейы Думайæн  банхъарыд оккупацигонд Цхинвалимæ а.х. æфсæддон бадзырды «ратификаци» скæнын

Уæрæсейы  президент Владимир Путин  Паддзахадон Думаæйæн   ратификацимæ  бавдыста  «боны фæткъы», кæцы оккупацигонд  Цхинвалы  а.х  гарзджын тыхты   хицæн  хайадты, Уæрæсейы федерацийы   гарзджын тыхты  скондмæ  ахизын дары йæ  хъуыдыйы.

Информаций уый фæдыл æвæрд у  Уæрæсейы Думайы   бæрæггæнæнты базæйы –  фыссы агентад «ТАСС».

А.Х.  бадзырд къухбафыст æрцыд  31 марты.  Де-факто  хъахъхъæнынадыуагдоны  минæвар  Гасситы Ибрагим куыд дзуры афтæмæй,  «Документ»-мæ гæсгæйæ,   оккупацигонд регионы  цæрджытæм уыдзæн фадат, æфсæддон куыст  конрактæй  æххæст кæной  Уæрæсейы  Федерацийы  гарзджын тыхты,  Уæрæсейы  хъахъхъæнынады  министрады 4-æм æфсæддон базæйыл.

«Иуæй-иу сæйраг домæн у,  Хуссар Ирыстоны  æмбæстагдзинадимæ иумæ гоймагмæ уа Уæрæсейы  Федерацийы æмбæстагдзинад дæр.  Афтæдæр,  æнæмæнгхъæугæ æфсæддон службæ  хъуамæ арвитой  Хуссар Ирыстоны  гарзджын тыхты» – хъусын кæны  де-факто хъахъхъæнынады  уагдоны  минæвар Гасситы Ибрагим.  Йæ информацийæ,  ахæм уæнгтæ  Цæгат Ирыстоны  æфсæддон коммисариаты  хъуамæ ауадзой сæхи  регистрацийы. Уæрæсейы 4-æм æфсæддон  базæйыл куыст райдайыны фæстæ  та уыдон суыдзысты Уæрæсейы Фдерацийы  æфсæддон кусджытæ  æмæ  исдзысты алы уыцы уæлбартæ   кæцытæй  пайда кæнынц Уæрæсейы æфсæддæ.

А.х. бадзырдмæ æмблгæйæ, де-факто  тыхты  реформиркæнын  план кæны  æмæ  «ратификацигонд  бадзырдты баивды фæстæ,  3 мæймæ,  сырæздзæн ног  организацион-штатон  структурæ. 6 мæймæ  та сæххæст уыдзæн   ацы структурæмæ ахызт» – фыссы оккупацигонд  Цхинвалы регионы  информацион агентад «Рес».