Президенты администраци – Саломэ Зурабишвили райгонд у æмæ разы кæны  премьер-министры æмæ  парламенты сæрдары бавдыстимæ Илиа Топуриайы Джелбетты Орденæй схорзæхджын кæныны фæдыл
Президенты администраци – Саломэ Зурабишвили райгонд у æмæ разы кæны премьер-министры æмæ парламенты сæрдары бавдыстимæ Илиа Топуриайы Джелбетты Орденæй схорзæхджын кæныны фæдыл

Джелбетты орденæйы Илиа Топуриайы   схорзæхджын кæныны церемони Орбелианиты галуаны  абон 19:00  ахатыл ацæудзæн – уый фæдыл  информаци хъусын кæны Гуырдзыстоны  президенты администраци.

Афтæма сæ информацийæ, Гуырдзыстоны  президент, райгонд у æмæ  разы  кæны  премьер-министры æмæ  парламенты сæрдары  бавдыстимæ.

«Президент схорзæхджын кæныны  церемонимæ премьер-министр æмæ  паоламенты сæрдары фæхуыдта. Хицауады  æртæ дæр къалиуы  æмхайад ацы  церемонийы  ахæм фарстатыл   национ  разыдзинады æвдисæг у» –  банысангонд у  администрацийы  фидиуæны.