Саломэ Зурабишвили – Зураб Джапаридзейы хъуыддаг сыгъдæг политикон у, кæцы нысан кæны, цæмæй лидертыл комкоммæ политикон бабырст райдайы
Зураб Джапаридзейы хъуыдтаг сыгъдæг политикон у, кæцы нысан кæны, цæмæй лидертыл комкоммæ политикон бабырст райдайы, – уый фæдыл Гуырдзыстоны раздæры президент, Саломе Зурабишвили расидтис æмæ Зураб Гирчи Джапаридзейы ахсты фæдыл дзуапп ратта.
Саломэ Зурабишвили куыд расидтис афтæмæй, ацы æскъуыддзагæн закъонмæ ницы бастдзинад ис.
«Гуырдзиаг бæллицæн абон ноджы иу тынг худинаг бон у». Худинаг у, цы сарæзтой – тæрхондонмæ пъæлицæйæгтæ æрбабырстой, практикон æгъдауæй никæй бауагътой, байхъуыст чысыл залмæ ахызт, алцыппæт, цæмæй абон архайдтой, цæмæй фæуой, алчидæр развæлгъау цы зыдта, уымæй, Зураб Джапаридзейы раивтой развæлгъау ахстмæ. Уымæн закъонмæ ницы бар ис. Уый у сыгъдæг политикон хъуыддаг, кæцы нысан кæны, цæмæй райдайы комкоммæ политикон бабырст лидертыл. Иуæй, нæм ис æхсæнадон активисттæ, кæнæ æхсæнадон архайджытæ, кæцытæ ахæстоны сты æппындæр ницы тыххæй, ныр та иннæ этап у, цæмæй уый дæр бандава политикон лидертыл. Слестгæнæн къамис арæзт æрцыд раздæры режимы фыдракæндтæ раиртасыны тыххæй нæ, фæлæ суæвын ахæм фæрæз, цæмæй æрцахсой уыцы политикон разамонджыты, кæцыты фæнды ахæстоны фенын. Уый худинаг у «Гуырдзиаг Бæллиццы» тыххæй. Уый та у сæ лæмæгъдзинады ноджы иу нысан, репресси кæдæм æмæ цас ахæссын хъæуы, уый нал зонынц. Алы режим дæр, кæцы ахæм уавæры ис æмæ ахæм хуызы репресситы æрдæм æрцæуы, хъуамæ йæ кæрон æрцæуа. Æцæгæйдæр нæ хъæуы фæразондзинад, фæлæ хъуамæ зонæм, цæмæй тæрхон «Гуырдзиаг Бæллиццы» тыххæй абон лæвæрд æрцыд», – расидтис Саломэ Зурабишвили.
Æрæджы рабæрæг ис, цæмæй Зураб Гирчи Джапаридзейы æфхæрд превенцион мадзалæй ахстæй баивд æрцыд.