Полицион контролы æмæ специалон оперативон –фæдæвзарæн мадзæлтты фæстиуæгæн ахст æрцыдысты 127 уæнгы.
Уый фæдыл райхусын кодтой мидхъуыддæгты министрады уагъд брифингыл.
«Абон сæумæрайсомы 6 сахатыл МХМ полицион контрол фæцис, кæцыйы нысан уыд фыдракæнды превенци æмæ æхсæнадон æдасдзинад срæвдз кæнын.
Оперативон-фæдагурæг мадзæлтты æмæ полицион контролы фæстиуæгæн æдæппæт ахст æрцыдысты 127 уæнгы, уый нымæцы:
Тугтæрхоны барады кодексæй зæрдылдард фыдракæнды тыххæй – 45 уæнг, сæ нымæцы æхсæнгарзы нæзакъононæй балхæд-бавæрын-хæссыны тыххæй æмæ наркотикты æнæзакъононæй балхæд-бавæрын тыххæй ахст уæнгтæ. Уагъд мадзæлтты фæстиуæгæн ахст æрцыдысты æндæр æмæ æндæр фыдракæнды тыххæй агуырды уæвæг 5 уæнг.
Цыръаг хæссыны тыххæй ахст æрцыдысты – 96 гоймаг. Ист у 1 килограммæйы фылдæр героин æмæ æндæр наркотикон фæрæзтæ.
Афтæма 73 иуаг æхсæнгарз, 54 гранатæ, 122 капсал-детонатор, 3740 иуаг нæмыг» – хъусын кæнынц мидхъуыддæгты министрады.
Фатæдæр арæцахстой цалдæр наркореализаторы, кæцытæй иу у фæсарæйнаг æмбæстаг.
Уагдоны хъусинагæй, полицион контролы фæстиуæгæн æдæппæт рабæлвырд кодтой 52 000 уæнгы.