Полицион контролы  фæстиуæгæн ахст æрцыдысты  127 уæнгы
Полицион контролы фæстиуæгæн ахст æрцыдысты 127 уæнгы

Полицион контролы  æмæ   специалон оперативон –фæдæвзарæн  мадзæлтты  фæстиуæгæн ахст æрцыдысты  127 уæнгы.

Уый фæдыл   райхусын кодтой   мидхъуыддæгты министрады  уагъд брифингыл.

«Абон сæумæрайсомы   6 сахатыл МХМ  полицион   контрол фæцис,  кæцыйы нысан уыд   фыдракæнды превенци  æмæ æхсæнадон æдасдзинад срæвдз кæнын.

Оперативон-фæдагурæг  мадзæлтты  æмæ полицион контролы  фæстиуæгæн  æдæппæт ахст æрцыдысты  127 уæнгы,  уый  нымæцы:

Тугтæрхоны барады кодексæй зæрдылдард  фыдракæнды тыххæй – 45 уæнг, сæ нымæцы  æхсæнгарзы нæзакъононæй  балхæд-бавæрын-хæссыны  тыххæй æмæ наркотикты   æнæзакъононæй   балхæд-бавæрын  тыххæй  ахст уæнгтæ.   Уагъд    мадзæлтты  фæстиуæгæн  ахст æрцыдысты æндæр æмæ æндæр фыдракæнды  тыххæй   агуырды уæвæг 5 уæнг.

Цыръаг хæссыны  тыххæй ахст æрцыдысты  – 96 гоймаг. Ист у   1 килограммæйы  фылдæр героин  æмæ  æндæр наркотикон фæрæзтæ.

Афтæма 73  иуаг  æхсæнгарз,  54  гранатæ, 122  капсал-детонатор,  3740  иуаг нæмыг» –   хъусын кæнынц мидхъуыддæгты министрады.

Фатæдæр арæцахстой цалдæр наркореализаторы, кæцытæй  иу у фæсарæйнаг æмбæстаг.

Уагдоны  хъусинагæй,   полицион контролы    фæстиуæгæн æдæппæт  рабæлвырд кодтой 52 000 уæнгы.