Панкисы Комы полицæгтæм лæбурды æмæ полицийы сæрмагонд техникæ базиан кæныны фактыл МХМ фæдæвзарын райдыдта
Панкисы Комы полициæгтæм бырсты æмæ техникæ базиан кæныны фактыл, МХМ райдыдта фæдæвзарын, 353 прима статийæ æмæ Гуырдызстоны тугтæрхоны барады кодексы 187 статийæ, кæцы йæ хъуыдыйы дары полициагмæ бырст æмæ дзаума базиан кæнын арт бафтаугæйæ.
«Æдасдзинад срæвдз кæныны нысанæй, Панкисы Комы чысыл ГЭС арæзтады тыххæй, мобилизацигонд уыдысты Кахеты бæстæйон полицийы 35 кусæг 08:00 сахатæй.
Бынæттон цæрджыты бæрæг къорд балæбурдтой полициæгтæм, æхстой сыл дуртæ æмæлæдзгуытæ, кæцыйы фæстиуæгæн мобилизацигонд æрцыдысты уæлæмхас полицийы тыхтæ. Æмбæстæгты бæрæг къорд йæ ныхмæ слæууыд полицийæн. Базиан кодтой полицийы сæрмагонд техникæ, афтæдæр зиæнттæ райстой полицийы кусджытæ æмæ æмбæстæгтæ», – дзырдæуы уагдоны ахæлиугонд фидиуæны.