Панкисы Комы полицæгтæм лæбурды æмæ полицийы сæрмагонд техникæ  базиан кæныны  фактыл МХМ  фæдæвзарын райдыдта
Панкисы Комы полицæгтæм лæбурды æмæ полицийы сæрмагонд техникæ базиан кæныны фактыл МХМ фæдæвзарын райдыдта

Панкисы  Комы  полициæгтæм бырсты  æмæ техникæ  базиан кæныны фактыл, МХМ  райдыдта  фæдæвзарын, 353 прима статийæ æмæ  Гуырдызстоны тугтæрхоны барады кодексы 187  статийæ, кæцы  йæ  хъуыдыйы  дары   полициагмæ бырст æмæ  дзаума  базиан кæнын   арт бафтаугæйæ.

«Æдасдзинад срæвдз кæныны  нысанæй, Панкисы Комы  чысыл   ГЭС  арæзтады тыххæй,   мобилизацигонд  уыдысты Кахеты бæстæйон  полицийы 35  кусæг  08:00  сахатæй.

Бынæттон цæрджыты  бæрæг къорд  балæбурдтой  полициæгтæм, æхстой  сыл  дуртæ æмæлæдзгуытæ, кæцыйы фæстиуæгæн   мобилизацигонд   æрцыдысты  уæлæмхас    полицийы  тыхтæ.  Æмбæстæгты бæрæг къорд  йæ ныхмæ  слæууыд полицийæн. Базиан кодтой  полицийы  сæрмагонд техникæ,  афтæдæр зиæнттæ райстой   полицийы  кусджытæ æмæ æмбæстæгтæ», –  дзырдæуы  уагдоны  ахæлиугонд фидиуæны.