Пакистаны хъусын кæнынц, цæмæй Ираныл ракетон бырст сыххæст кодтой
Пакистан Ираныл ракетон бырст сыххæст кодта. «ВВС»-ы хъусинагæй, информаци уый фæдыл хъусын кæны Пакситан.
Афтæма сæ информацийæ, нысан «террористты хиæмбæхсæн» уыд, æрмæст ирайнаг медиайы информацийæ, бырсты фæстиуæгæн æртæ сылгоймаг æмæ цыппар сывæллон амард.
Уæдмæ ирайнаг медиа ахæлиу кодта информаци, ома спырхы гуыппы Пакистанимæ арæнгæрон горæт Сараванæй айхъуыст, кæцы сбæлвырд кодта Пакистаны фæсарæн хъуыддæгты министрад æмæ загъта, цæмæй рагысгарæг куысты бæрæггæнæнтыл бынудырæвæрд операцийы рæстæджы цалдæр террористы амардтой.
Бакой уын кæндзыстæм, знон Иран Пакистаны уæлдæфон тыгъдад фехæлдта, кæцыйы фæстиуæгæн дыууæ сывæллон амард. Пакистан райхъусын кодта, цæмæй Иранимæ алы бæрзонд æмвæзады дипломатон ахастытæ уромы.