АИШ-ы официалон уæнгтæ хъусын кæнынц, цæмæй Израил Ираны бырстмæ иннæ  24 сахатæй 48 сахатмæ периоды æнхъæлмæ кæсы
АИШ-ы официалон уæнгтæ хъусын кæнынц, цæмæй Израил Ираны бырстмæ иннæ 24 сахатæй 48 сахатмæ периоды æнхъæлмæ кæсы

АИШ-ы официалон уæнгтæ  бæстæйы рагысгарæгон бæрæггæнæнтыл   æнцойæ   хъусын кæнынц, цæмæй Израил   Ираны бырстмæ  иннæ   24 сахатæй  28  сахаты онг периоды æнхъæлмæ кæсы.

«The Wall Street Journal» хыгъдлæвæрды америкаг   тавæрæныл æнцойæ  фыссы, цæмæй Израил цæттæ кæны  гæнæн бырстытæм хуссар кæнæ цæгат  Израилмæ. Америкаг  рауагъдад  афтæдæр æрхаста цитатæ Ираны  режимимæ хæстæг  равзæрæны,  кæцы  дзуры, цæмæй Тегеран  кæронбæттæн уынаффæ нырма нæ рахаста.

Дамаскъы Ираны консуладыл бомбæкалдыл  Израил бæрн йæхимæ нæ систа, фæлæ Израилы  хъахъхъæнынады тыхты  спикер, Даниэл  Хагари   амыдта  Израилы  рагысгарæг куыстыл, кæцы йæхи æрдгæй  бæлвырд кодта, цæмæй  бæстыхай нæ уыдис минæварады  хай, фæлæ уыд «Хъудсы тыхты æфсæддон бæстыхай, кæцы цæстмæарызт у куыд æмбæстагон  бæстыхай Дамаскъы».

«Хъудсы тыхтæ» у «Исламы Революцийы  хъахъхъæнджыты корпусы» æддагон  операциты дæлхайад, кæцы АИШ-ы  классификацигонд у, куыд  террористон организаци.  Параллелонæй «Вашингтон Посты» фыссы, цæмæй АИШ-ы  хъахъхъæнынады нымæрдар  Лоойд Остин  Израилы хъахъхъæнынады министр Иоав Галантимæ  ныхасы рæстæджы, æнæрайгонддзинад равдыста, цæмæй Вашингтон нæ уыд информиргонд  Фыццаг апрелы  Дамаскъы  Ираны консулады бæстыхайыл сæххæст авиахафты тыххæй.