Ираны  «Исламон революцийы хъарагъулы корпус» -  æнæгуызавæйæ ныццæвдзыстæм  Израилы горæт Хайфайы куы бахъæуа  уæд
Ираны «Исламон революцийы хъарагъулы корпус» - æнæгуызавæйæ ныццæвдзыстæм Израилы горæт Хайфайы куы бахъæуа уæд

Иран  æнæ гуызавæйæ  ныццæвдзæн  Израилы  портон  горæт Хайфа,  куы бахъæуа  æмæ  æмбæлгæ  бардзырд ратдзысты уæд – уый фæдл Ираны «Исламон Революцийы Хъарагъулы  корпусы»  сæргълæууæгы  хæдивæг  Али Фадайи тегерайнаг студенттимæ фембæлдыл  райхъусын кодта.

Йæ дзырдæй зæгъгæ,  Израил  æнæраст бæрæггæнæнтæ публикаци кæны  иргъæвæг  стсиемæ  «Æфсæйнаг куплы»  фæрцы нейтрализацигонд  ракетæты  нымæцы  тыххæй.

Фадайы  куыд  хъусын кæны афтæмæй,   куынæггонд ракетæты нымæц  æрмæст  30%-ы бæрц у.

«Америкæ Израилы  сфæлдыста йæ  æдасдзинады тыххæй æмæ  тас куы  фæхата уæд æй æнцонæй  ауæлдай  кæндзæн» –  банысан кодта  Фадайи.