«Ройтер» -  Иран Уæрæсейы æнхъæлмæкæсиннаг масштабон теракты  тыххæй  рагафон бафæдзæхста
«Ройтер» - Иран Уæрæсейы æнхъæлмæкæсиннаг масштабон теракты тыххæй рагафон бафæдзæхста

Иран  Уæрæсейæн рагфæдзæхст рагафон   ратта  масштабон террористон  бырсты тыххæй –  уый фæдыл   агенад «Ройтер»  эксклюзивонæй  ссаргæ информацийыл æнцойæ фыссы.

«Уæрæсейы бырсты агъоммæ  цалæр  бон  размæ,  Тегеран  Мæскуыйæн базонын кодта информаци   гæнæн стыр  террористон бырсты тыххæй  Уæрæсейы, кæцы  уыцы  æрцахстуæвджыты  рафарсты  рæстæджы  самал кодтой, кæцытæ  Ираны  сæххæст  бомбæкалды тыххæй  æрцахстой» – фыссы «Ройтер».

«Ройтеримæ» ныхасы рæстæдж  равзæрæн  банысан  кодта, цæмæй «Мæскуымæ  лæвæрд информацийы  нæ уыдис   спецификон деталтæ  конкретон рæстæг æмæ  нысаны тыххæй.   Афтæма   йæ   дзырдæй, «Хорасаны  Исламист хæцджытæм уыдис инструкци,  сæхи бацæттæ  кодтаиккой  Уæрæсейы  нысаниуæгджын  операцимæ.  Иуæй-иу терроист   райхъусын кодта, цæмæй  къорды уæнгтæ  нырид  араст сты Уæрæсемæ».

«Ройтеры» ноджы иу  равзæрæн  дзуры, цæмæй  «Уый тæххæй  цæмæй Иран фæстаг азты  террористон  бырстыты амынæт уыдис, Ираны хицауад сыххæст кодта йæ  хæс æмæ  базонын кодта Мæскуыйæн  æрцахстуæвæг террористтæй сисгæ информаци».

Ираны рагысгарæг уагдоны   райхъусын кодтой, цæмæй   3  январы  Керманы  сæххæст  бырстыты тыххæй, кæцыйы амæттаг уыд  100-ы онг адæймаг,  æрцахстой  35 адæймагы.   Цалдæр  бонмæ та  19  январы  уыдон  æрцахстой   Исламы Паддзахады    афгъайнаг  филиалы хорасаны   лидеры. Ираны сæххæст бырстыл  бæрн растдр «Исламы Паддзахады» Хорасаны  базыр  систа йæхимæ, афтæ  куыд  Мæскуыйы  22 марты æрцæугæ терактыл.