Пъæлицæй Кахеты, æнахъомы моймæ тыхыбын раттыны аххосагæй иу гоймагы æрцахста
Мидхъуыддæгты министрады Кахеты пъæлицæйы департаменты кусджытæ, прокуратурæимæ æмкуыстгæнгæйæ, ныйарæгы æрдгæй æнахъом хъæбулы моймæ тыхыбын раттыны аххосагæй иу гоймагы æрцахстой.
МХМ-ы информацийæ, барадхъахъъхæнджыты уагъд оперативон-фæдæвзарæн мадзæлтты фæстиуæгæн фæбæрæг ис, цæмæй Сагареджойы районы Иормугъанлойы хъæуы, 2002 азы гуырд æнахъом чызджы йæ фыд 1975 азы гуырд М. М., чызгы фæнды ныхмæ, психологион хъомыс даргæйæ, гендерон дискриминацийы мотивæй, тыхыбы кодта чындзы ацæуын.
«Æнахъомы æдасдзинады нысанæй æмæ уæвæг реалон рискъыты зæрдыл даргæйæ, апъæлицæй йæ ныарæгы æрдæм ахсты ордер радæтта.
Чызджы ныр аргъæвдтой æдас цæрæн ранмæ æмæ йæ æнæниздзинадмæ тас не ртъхъирæн кæны.
Хъуыддаг рæгъмæ хаст у, бинонты уæнгы æрдгæй развæлгъау æмбаргæйæ æнахъомы чындзы ацæуыны тыхыбын бакæныны фактыл, Гуырдзыстоны тугтæрхоны барады кодексы 11 прима 150-æм прима статийы 2-аг хайы «А» дæлпунктмæ гæсгйæ.
Фыдракæнд йæ хъуыдыйы дары, 2-йæ 4-азы онг ахстæй æфхæрд» – банысангонд у МХМ-ы информацийы.