Пъæлицæй  Кахеты, æнахъомы моймæ тыхыбын раттыны  аххосагæй  иу  гоймагы  æрцахста
Пъæлицæй Кахеты, æнахъомы моймæ тыхыбын раттыны аххосагæй иу гоймагы æрцахста

Мидхъуыддæгты  министрады Кахеты  пъæлицæйы департаменты  кусджытæ,  прокуратурæимæ æмкуыстгæнгæйæ,  ныйарæгы  æрдгæй  æнахъом  хъæбулы  моймæ  тыхыбын раттыны  аххосагæй  иу  гоймагы  æрцахстой.

МХМ-ы  информацийæ,   барадхъахъъхæнджыты  уагъд  оперативон-фæдæвзарæн  мадзæлтты фæстиуæгæн фæбæрæг ис, цæмæй  Сагареджойы   районы  Иормугъанлойы  хъæуы, 2002  азы  гуырд   æнахъом  чызджы йæ фыд  1975 азы гуырд  М. М.,  чызгы фæнды  ныхмæ, психологион  хъомыс даргæйæ,   гендерон  дискриминацийы  мотивæй, тыхыбы кодта   чындзы ацæуын.

«Æнахъомы æдасдзинады  нысанæй  æмæ   уæвæг реалон  рискъыты  зæрдыл даргæйæ,  апъæлицæй  йæ ныарæгы æрдæм  ахсты  ордер радæтта.

Чызджы  ныр  аргъæвдтой æдас цæрæн ранмæ  æмæ йæ  æнæниздзинадмæ  тас не ртъхъирæн кæны.

Хъуыддаг  рæгъмæ хаст у,  бинонты  уæнгы  æрдгæй  развæлгъау  æмбаргæйæ  æнахъомы  чындзы ацæуыны  тыхыбын бакæныны  фактыл,  Гуырдзыстоны  тугтæрхоны барады  кодексы  11  прима  150-æм  прима статийы 2-аг  хайы «А» дæлпунктмæ гæсгйæ.

Фыдракæнд йæ  хъуыдыйы  дары, 2-йæ  4-азы  онг ахстæй  æфхæрд» – банысангонд у  МХМ-ы информацийы.