Паддзахадон депаратменты спикер – Украина æмæ АИШ-ы æхсæн æдасдзинады дыууæфарсон   бадзырдтæ  фидаргонд уыдзысты  уымæ нæкæсгæ, цæмæй чи уыдзæн   АИШ-ы президент
Паддзахадон депаратменты спикер – Украина æмæ АИШ-ы æхсæн æдасдзинады дыууæфарсон бадзырдтæ фидаргонд уыдзысты уымæ нæкæсгæ, цæмæй чи уыдзæн АИШ-ы президент

Украинайы æмæ  Иугонд Штатты æхсæн  æдасдзинады  дыууйæфарсон   бадзырдтæ   ифтонггонд уыдзысты  афтæ, цæмæй Америкæйы президент чи уыдзæн уымæ нæкæсгæ архайдзæн,   –  уый фæдыл АИШ-ы   паддзахадон  департаметы  спикер, Метью Миллер   лæвæрд брифнгыл    райхъусын кодта.

Журналисты  фарстыл,  ивд удызæн æви нæ  АИШ-ы æмæ Украинайы  ахастытæ, уыцы цауы кæд æмæ  АИШ-ы   президентæй  сывзардзысты  Дональд Трампы,  Миллер райхъусын кодта,  цæмæй ахæм  фарсхæцын  фидаргонд уыдзæн   дыууææфарсон   бадзырдтæй,  кæцытæ  фыццаг  уæнгæй хæдбарæй   кусдзæн.

«Хъуамæ  сфидар кæнæм æдасдзинады дæргъвæтин   бадзырдтæ, кæцытæ    кæцыфæнды  адимнистрацийæ, кæцыфæнды  хицауадæй  бæрхонддæр уыдзысты, куыд ам АИШ-ы, афтæ   нæ  æмцæдисонты  æмæ партнерты  æхсæн, кæцытæ  афтæдæр систой  дæргъвæтин  хæсист  Украинайы  æдадсзинады тыххæй» – райхъусын кодта уый.

Падлдзахадон департаменты  спикер   æрысымыд, цæмæй  Джо Байдены  администраци уадзы  бадзырдтæ Украинаимæ  æдасдзинады æрдгæй   хæсистытыл æмæ  банысан кодта,ц æмæй Киевы  фарсхæцæг   уынаффæ   Конгрессы дæр у баст.

«Кæддариддæр, Конгрессæй  куы æркурæм   фылдæр фарсхæцын Украинайы хицауадæн, украинаг  æфсæддæтты æмæ  Украинаг  адæмæн, Конгресс  ис кæддæрид  сразы  ис. Æнхъæл стæм,  цæмæй уый  фидæны дæр афтæ адарддæр уыдзæн», – загъта  Миллер.