Украинæ æмæ АИШ-ы арæзт сабырадон планмæ гæсгæ, Украинæ баззайдзæн æнæядерон паддзахадæй, сабырадон рæстæджы та йæ гарзджын тыхты нымæц арæнæвæрд уыдзæн 800 000 æфсæддоны онг
Украинæ æмæ АИШ-ы арæзт сабырадон планмæ гæсгæ, Украинæ баззайдзæн æнæядерон паддзахадæй, сабырадон рæстæджы та йæ гарзджын тыхты нымæц арæнæвæрд уыдзæн 800 000 æфсæддоны онг

Украинæ æмæ АИШ-ы æрдыгæй арæзт сабырадон пъланмæ гæсгæ, Украинæ баззайдзæн æнæядерон паддзахадæй, сабырадон рæстæджы та йæ гарзджын тыхты нымæц уыдзæн арæнæвæрд 800 мин æфсæддоны онг. Уый фæдыл Украинæ æмæ АИШ-ы иумæйагæй арæзт 20 пунктон сабырадон планы ис фыст.

Сабырадон пълан бавдыста Украинайы президент Владимир Зеленский.

Зеленский бахахх кодта, цæмæй уый у бындурон документ хæсты фæурæдæн æмæ Уæрæсе ацы планæн дзуапп хъуамæ ратта америкаг фарсимæ 24-æм декабры фембæлды рæстæджы.

Украинайы президент афтæдæр банысан кодта, цæмæй Украинæ цæттæ у АИШ-имæ фембæлын лидерты æмвæзадыл, цæмæй æруынаффæ кæной сенситивон, уæлдайдæр та территорион фарстатыл.