Онийы муниципалитеты ирвæзынгæнæн мадзæлтты баст сты 400-ы онг зынгхуыссынгæнæг æмæ МХМ-ы æмбæлгæ хайадты минæвæрттæ, ирвæзынгæнæн куыстытæ æнæхъæн æхсæв аххæсдзысты
Гуырдзыстоны мидхъуыддæгты мсинистрад Онийы муниципалитеты цæугæ ирвæзынгæнæн мадзæлтты фæдыл информаци публикаци кæны.
МХМ-ы хъусын кæынц, цæмæй бынатыл дыууæ мардыбуар ссардæуыд.
«Мидхъуыддæгты министрады уæлвæтк уавæрты фæткдар куысты минæвæрттæ Онийы муниципалитеты цæугæ ирвæзынгæнæн мадзæлтты фæстиуæгæн ссардтой дыууæ мардыбуар. Ацы рæстæгмæ цæуынц мадзæлттæ, цæмæй мардыбуæрттæ сисой», – хъусын кæнынц МХМ-ы.
Афтæмæ сæ информацийæ, ирвæзынгæнæн мадзæлтты баст сты 400-ы онг зынгхуыссынгæнæг, – ирвæзынгæнæг æмæ мидхъуыддæгты министрады æмбæлгæ хайадтæ.
«Стихийы бынаты сты мидхъуыддæгты министры хæдивджытæ Иосеб Чъелидзе, Гиорги Бутхузи æмæ уæлвæтк уавæрты фæткдар куысты хистæр Теймураз Мгъебришвили.
Ацы этапыл стихийы зонæйы уæвæг 70-ы онг æмбæстагы æдас территоримæ аластой.
Ирвæзынгæнæн мадзæлттæ æнæхъæн æхсæв аххæссдзысты æнæаскуынгæ режимы», – банысан кодтой МХМ-ы.