Онийы  муниципалитеты ирвæзынгæнæн мадзæлтты   баст сты  400-ы онг   зынгхуыссынгæнæг  æмæ  МХМ-ы æмбæлгæ хайадты минæвæрттæ,  ирвæзынгæнæн  куыстытæ æнæхъæн æхсæв аххæсдзысты
Онийы муниципалитеты ирвæзынгæнæн мадзæлтты баст сты 400-ы онг зынгхуыссынгæнæг æмæ МХМ-ы æмбæлгæ хайадты минæвæрттæ, ирвæзынгæнæн куыстытæ æнæхъæн æхсæв аххæсдзысты

Гуырдзыстоны  мидхъуыддæгты мсинистрад Онийы  муниципалитеты   цæугæ  ирвæзынгæнæн   мадзæлтты фæдыл   информаци публикаци кæны.

МХМ-ы  хъусын кæынц,  цæмæй бынатыл   дыууæ мардыбуар ссардæуыд.

«Мидхъуыддæгты министрады  уæлвæтк уавæрты фæткдар куысты   минæвæрттæ   Онийы муниципалитеты   цæугæ  ирвæзынгæнæн   мадзæлтты фæстиуæгæн  ссардтой дыууæ мардыбуар. Ацы   рæстæгмæ   цæуынц  мадзæлттæ, цæмæй  мардыбуæрттæ сисой», –  хъусын кæнынц МХМ-ы.

Афтæмæ сæ информацийæ,  ирвæзынгæнæн  мадзæлтты баст  сты  400-ы онг  зынгхуыссынгæнæг, – ирвæзынгæнæг æмæ  мидхъуыддæгты министрады æмбæлгæ хайадтæ.

«Стихийы  бынаты  сты  мидхъуыддæгты министры  хæдивджытæ  Иосеб Чъелидзе, Гиорги Бутхузи æмæ уæлвæтк уавæрты  фæткдар куысты   хистæр   Теймураз Мгъебришвили.

Ацы этапыл  стихийы зонæйы уæвæг   70-ы  онг æмбæстагы  æдас территоримæ  аластой.

Ирвæзынгæнæн мадзæлттæ æнæхъæн æхсæв аххæссдзысты  æнæаскуынгæ режимы», – банысан кодтой  МХМ-ы.