Цард Гуырдзыстон æмæ Уæрæсейы «Змæлгæ арæныл» – ахæм сæргондæй фоторепортажы публикаци кæны «Нью-Йорк Таймс».
Публикацийы æвдыст у адæймгæты æрвылбонон цардуаг, кæцытæ оккупацион территоримæ хæстæг цæрынц.
«Сфæлгондзут, цæвиттон æндæр бæстæйы райхъал стут афтæ, æмæ уæ бынатæй не фзмæлыдыстут. Ахæм реалондзинады февзæрдысты Цхинвалы регионы цæрджытæ, кæцыйы АИШ-æ æмæ НАТО –нымайы Гуырдзыстоны территорийæ, фæлæ ацы регион нырид 30 аз у Уæрæсейы æндæвдады бын ис» – фыссы статийы автор.
Репортажы дзырдæуы, цæмæй сабырадон бадзырдмæ æнæкæсгæ, Уæрæсейы æфсад дарддæр кæны размæ цæуын.
«Цхинвалы регионы уæвæг фиктивон арæны нымадмæ райста æрмæстдæр Уæрæсе æмæ ноджы æртæ паддзахад. 2008 азы фæстæ сæрмагонд хæдзæрттæ ныууадзын тыхбын баисты 300 мин гуырдзиаг. 2011 азы Уæрæсе арæнæй цы хонынц, уый фидар кæнын райдыдта, уый нымæцы телтæй æмбондтæй дæр. Ныр гуырдзиæгтæн дихгæнæг хаххмæ 200 метрæй хæстæг бацæуыны бар нæй, æндæр цауы та сæ, скъæфынц æмæ ахсынц » – дзырдæуы статийы.
Фототы автор у Тако Робакидзе, кæцы оккупацион хаххмæ хæстæг хъæуты, ацы къамтæ иста иу афæдзы дæргъы.
Нино нын æвдисы йæ хæдзар, кæцы 2008 азы уæрæсе Гуырдзыстоны хæсты рæстæджы басыгъд. Бинонтæм нæй хæдзары реабилитацийы фадат. Хъæу Зардиаанткари. 2017 аз.
Хъæууон хæдзарад оккупацион хаххы цур цæрджытæн у æфтиагы сæйраг ратæдзæн.
Марина Кемерты хъæуы сколайы педагог уыдис, ацы хъæу ныр Уæрæсейы оккупацигонд у.
Сылгоймаг йæ хæдзары, кæцы хæсты фæстиуæгæн куынæггонд æрцыд. Хъæу Зардиаанткари.
Хæсты фæстæ, Мари æмæ йæ бинонтæ сæ хæдзар ныууагътой æмæ ныр Къаралеты лигъдæтты хъæуы цæрынц.
Атъами бæслæстæ Адзвийы хъæуы, 2017 аз.
Нино йæхи æмæ йæ æфсымæрæн аразы æхсæвæр. Уыдоны сæ ныйарджыты хæдзар ныууадзын нæ фæнды æмæ Хурвалеты хъæуы цæрынц, цы ран Нино сабитæн ахуыр кæны англисаг æвзаг, йæ æфсымæр та зæххы куыст кæны.
Ацæргæ сылгоймаг Гугутъианткарийы хъæуы æвзары хъæдур.
Ирон Чилехсаты Галинæ йæ гуырдзиаг къайимæ иумæ, Шавшвебийы лигъдæтты цæрæн хъæуы.
Нодар оккупацион хаххы цур суг æмбырд кодта, кæцы рæстæджы дæр æй уырыссаг æфсæддæттæ æрцахстой. Уый Цхинвалы изоляторы цыппар бон арвыста.
Цæрджыты хай, изæрдалынгты сывæллæтты дуармæ рауадзын тæрсынц.
Иу бон Дата Ванишвили фæфиппайдта, цæмæй йæ хæдзар фæцис оккупацигонд территорийыл, цы ран уый ныр мæгуыр цард кæны. Датайæн арæныл рахизын æмæ æмæ уымæ æмбæлгæ пенси райсыны фадат нæй. Хъæу Бобнев,2017 аз.