Никол Пашинян - Сомихыстоны хицауад премьер-министры æвзæрстыты фæкъуыхцы кæнын хъавы
Сомихыстоны оппозицийы ныхæстæм гæсгæ, Сомихыстоны хицауад абон парламенты плангонд премьер-министры æвзæрстыты фæкъуыхцы кæнын хъавы. Уый фæдыл Никол Пашинян, социалон хызагы ныффыста. Йæ ныхæстæм гæсгæ, знон æхсæвы сырæзт фембæлд хицаугæнæг партийы уæнгты æмæ раздæры премьер-министры Серж Саргсяны æхсæн. Фембæлдыл аскуыддзаг ис, цæмæй хицаугæнæг бал абон плангонд халæппæрст фæкъуыхцы кæндзæн.
«Сиыдын алы фарсхæцæгмæ, сæумæрайсомæй æрымбырд уæм Республикæйы фæзыл, цæмæй Серж Саргсяны ног план ма сæххæст уа» – райхъусын кодта Пашинян, социалон хызагæй ахæлиугонд сидты.
Хицаугæнæг «Республикаг» партийы сæрыфыццагæй хъусын кодтой, цæмæй Пашиняны премьерæй сывзарыны ныхмæ нæ уыдаиккой, фæлæ абон райхъусын кодтой, цæмæй оппозиционер кандидатæн фарс рахæцыны скуыддзаг æрмæстдæр программæмæ байхъусыны фæстæ райсдзысты. Ацы рæстæджы хицаугæнæг партийы сæрдар, Вахрам Багъдасарян райхъусын кодта, цæмæй «Республикаг Парти» парламенты кворумы сæрвдз кæныны дзырд ратта æмæ Пашинянæн фарсхæцыныл ныхас нæ уыд.
«ХицаугæнæгРеспубликаг Партимæ парламент ис 58 мандаты, блокъ «Цъарукянæн» 31, Фракци «Элк»-æн фараст, “Дашнакцутюнæн» та авд. Премьер-министры сывзарынæн хъæуы минимум 53 хъæлæс.
Сомихыстоны президент Армэн Саргсян куыд расидтис афтæмæй, уый парламенты æвзæрст кандидаты премьер-министрæй снысан кæндзæн хзæгъгæ.