NDI - рафарстуæвджыты 73 проценты хъуыдымæ гæсгæ, бæстæйы вирусы абаргæйæ ныллæг ахæлиу, хицауады æмæ дохтырты раст къахдзæфты фæстиуæг у
Националон Демокративон Институт (NDI) коронавирусы фæдыл иртасæн публикаци кæны.
Иртасæны куыд у банысангонд, уымæ гæсгæ, информацийы ратæдзæныл æууæнкы æрдгæй, цæрджыты 90% – низты контролы националон центры, 85% – Гуырдзыстоны хицауады, 73 процент – журнеалистты/медийы минæвæртты, 66 процент – бынæттон хицауады, æрмæст 61 процент та религион лидертыл/аргъуаныл æууæндынц.
Иртасæнмæ гæсгæйæ Гуырдзыстоны цæрджытæ коронавирусы фæдыл информацийы фылдæр телеуынынадæй, социалон хызæгтæй æмæ хæстæджытæй исынц.
Иртасæнмæ гæсгæйæ, æмбæстæгты 73% хъуыды кæнынц, цæмæй бæстæйы вирусы абаргæйæ ныллæг ахæлиу, хицауады æмæ дохтырты раст къахдзæфты фæстиуæг у, 17 процент та æнхъæлынц цæмæй æрмæст гуырдзиаг генетикæйы æмæ религийы сгуыхтдзинад у.
Рафарсты куыд у банысангонд афтæмæй, цæрджыты 80 процент знæт кæнынц, цæмæй сæхи кæнæ сæ хæстæгыл бахæцдзæн вирус. Фæлæ æнæкæсгæ уымæ цæрджыты зæгъæн ис æрдæг (46%) дзурынц, цæмæй коронавирусы вакцина куы уайид уæддæр не сразы уыдзысты вакцинацийыл, (38% разы сты).
Иртасæн 26-30 июны периоды Гуырдзыстоны масштабæй 1,550 телефонæй интервьюйы минæварадон равзæрсты бындурыл бæстæйы æххæстаздзыд цæрджыты æхсæн ацыд. Рæдыды астæуккаг арæн у +/- 2 процент.