Хатиа Деканоидзе - «NDI»-ы иртасæныл оппозици æцæгдæр дзæбæх  хъуамæ ахъуыды кæна, фылдæр кусын хъæуы  адæймæгтимæ
Хатиа Деканоидзе - «NDI»-ы иртасæныл оппозици æцæгдæр дзæбæх хъуамæ ахъуыды кæна, фылдæр кусын хъæуы адæймæгтимæ

«Националон Змæлды»  уæнг Хатиа Деканоидзейы  фидиуæнæй, зæгъгæ «NDI»-ы иртасæны фæстиуджытыл, оппозици хъуамæ ахъуыды кæна.  Афтæма  йæ дзырдæй,  зæгъгæ адæймæгтимæ фылдæр   кусын хъæуы.

Хатиа Деканоидзе  куыд  банысан кодта афтæмæй,   иртасæн   æндæр æмæ  æндæр  æрдæмадæй у æмæ уый  тиынг арф  у.

«Уый фæдыл   ныхасæй  аргълæвæрд скæнын мын фæзын уыдзæн.  Оппозици æцæгдæр хъуамæ   дзæбæх ахъуыды кæнæт.  Бирæ  фылдæр  кусын хæъуы   конкретонæй  адæймæгтимæ. Уый у æндæр æмæ æндæр  сегмент, дæнцæн  æргътæ тынг  серьозон проблемæ  у, ахуырад.  Тбилисы  алы цыппæрæм   фæсарæнтæм ацæуын хъавы.  Гуырдзыстоны   хицауадыл æууæнк, уарзондзинад  нæ фæлæ,  уый  нысан кæны  цæмæй  адæймæгтæ  тох кæнынц  хиаирвæзын кæнынæн  æмæ   растдæр уый тыххæй  агурынц  алы  фадат, цæмæй  сæрмагонд  бинонтæн  исты  ссарой. Уый нымæцы,  кæцы  мæнæн фыццаг  сигнал  у  æмæ тынг стыр  хъынцъымкæнинаг, уый у  Гуырдзыстоны   экономикæйы  Уæрæсейы  экономикæйыл бастдзинад  æмæ Уæрæсейы  æмбæстæгты къадайыл бастдзинад» -райхъусын кодта   Хатиа Деканоидзе.

Уый ма афтæдæр аргъ скодта  «NDI»-ы иртасæны  уыцы хайыл,  кæцымæ гæсгæ рафарст  респондентты  30 процент  нымайынц, цæмæй фæстаг фондз азы мидæг  Гуырдзыстон  бирæ  баввахсдæри Евроцæдисмæ.

Деканоидзейы  дзырдæй  зæгъгæ уый  у  тынг  ныллæг бæрæггæнæн.

«Уый æцæгдæр тынг цъус у. Фæлæ  дзæбæх уый у, цæмæй  æууæнк, кæнæ та уыцы адæймæгты  нымæц, кæцытæ   Евроцæдисыл æууæндынц,  бæрзонд у. Уый у  иттæг нысаниуæгджын, уымæн æмæ  хицауадмæ ис  антиныгуылæйнаг  пропагандæ, æмæ уый  параллелонæй   рæзы  уыцы адæймæгты   нымæц, чидæриддæр  Евроцæдисыл æууæнды. Стыр  у уыдоны нымæц, кæцытæ дзурынц, цæмæй  хицауад куыд хъæуы афтæ нæ кусы, цæмæй  Гуырдзыстон Евроцуæдисы  уæнг суа», – загъта Хатиа Деканоидзе.