НАТО-йы самитыл НАТО-Гуырдызстоны камисы рабадт сырæздзæн, ацы фарст у скуыддзаггонд – уый фæдыл Хуссар Кавказ æмæ Централон Азийы НАТО-йы инæларон нымæрдары специалон минæвар Джеймс Аппатурайи, эксклюзивонæй фезхусын кодта Фыццаг Къаналæн.
ЙÆ ныхæстæм гæсгæ, ацы этапыл, активон уынаффæ цæмæй цы форматæй ацæудзæн НАТО-Гуырдзыстоны камисы рабадт.
Аппатурайи куыд банысан кодта афтæмæй, рабадт гæнæн ис уагъд æрцæуа фæсарæн кæнæ хъахъхъæнынады министрты æмвæзадыл, кæнæ хицауады сæргълæуджыты æмæ президентты æмвæзадыл.
«Ныфс мæ ис, цæмæй камисы рабадт иуыл бæрзонд æмвæзадыл ацæудзæн, фæлæ банхъæлмæ кæсæм кæронбæттæн скуыддзагмæ. Мæнмæ гæсгæ æнæмæнгхъæугæ у, аргъ скæнæм æмæ нымадмæ райсæм уыцы прогресс, кæцымæ Гуырдзыстон баххæссыд. Цы фæндаг рацыдыстæм, цас вазыгджын уыд ацы фæндаг æмæ æрцхæццæ стæм уыйæнгты, æмæ Гуырдзыстонмæ ис алцыппæт фидæн уæнгдзинадмæ бацæттæ кæнынæн.
Бухаресты саммитæй 10 рацыд, уый символон дæр у. Хъуамæ банысанæуа прогресс æмæ афтæдæр ног энерги хъуамæ æрæцæуа лæвæрд нæ æмгуыстадæн. Фæндаг кæцыйы Гуырдзыстон сывзæрста – у раст фæндаг. Ай у механизмтæй спайдайы, архайадон пакетæй зæрдылдард мадзæлтты имплементацийы фæндаг. Уынаффæ разхæссыны афон дæр æнæмæнгæй æрлæуудзæн» – загъта Фыццаг Къаналæн Джемс Аппатурайи.