НАТО-ы  саммитыл  уагъд æрцæудзæн НАТО-Гуырдзыстоны камисы рабадт
НАТО-ы саммитыл уагъд æрцæудзæн НАТО-Гуырдзыстоны камисы рабадт

НАТО-йы   самитыл НАТО-Гуырдызстоны  камисы  рабадт сырæздзæн,  ацы  фарст у скуыддзаггонд  –  уый фæдыл Хуссар Кавказ æмæ  Централон Азийы  НАТО-йы    инæларон нымæрдары  специалон   минæвар Джеймс Аппатурайи, эксклюзивонæй  фезхусын  кодта Фыццаг Къаналæн.

ЙÆ ныхæстæм гæсгæ, ацы этапыл, активон уынаффæ цæмæй цы форматæй  ацæудзæн  НАТО-Гуырдзыстоны камисы  рабадт.

Аппатурайи куыд банысан кодта афтæмæй, рабадт  гæнæн  ис  уагъд æрцæуа   фæсарæн  кæнæ  хъахъхъæнынады  министрты æмвæзадыл, кæнæ  хицауады  сæргълæуджыты   æмæ   президентты  æмвæзадыл.

«Ныфс мæ ис, цæмæй камисы рабадт иуыл бæрзонд  æмвæзадыл  ацæудзæн, фæлæ   банхъæлмæ кæсæм  кæронбæттæн скуыддзагмæ.   Мæнмæ гæсгæ  æнæмæнгхъæугæ у,   аргъ скæнæм  æмæ   нымадмæ райсæм  уыцы прогресс,    кæцымæ  Гуырдзыстон  баххæссыд. Цы фæндаг рацыдыстæм,   цас вазыгджын уыд  ацы фæндаг  æмæ   æрцхæццæ стæм  уыйæнгты,  æмæ Гуырдзыстонмæ ис  алцыппæт   фидæн уæнгдзинадмæ бацæттæ кæнынæн.

Бухаресты саммитæй  10  рацыд,   уый  символон дæр у.  Хъуамæ  банысанæуа прогресс æмæ    афтæдæр   ног энерги  хъуамæ æрæцæуа лæвæрд  нæ æмгуыстадæн. Фæндаг кæцыйы  Гуырдзыстон сывзæрста  –  у раст фæндаг.  Ай у  механизмтæй  спайдайы,   архайадон пакетæй  зæрдылдард мадзæлтты  имплементацийы фæндаг.  Уынаффæ разхæссыны  афон дæр æнæмæнгæй  æрлæуудзæн» – загъта  Фыццаг Къаналæн Джемс Аппатурайи.