НАТО-Гуырдзыстон- Украинæйы камисы рабадтыл украинаг фарс Сау Денджызы патрул кæныны æнæмæнгхъæугæдзинады фарста сæвæрдзæн
НАТО-Гуырдзыстон- Украинæйы  камисы рабадтыл  украинаг фарс   Сау Денджызы  патрул кæныны  æнæмæнгхъæугæдзинады фарста  сæвæрдзæн

НАТО-Гуырдзыстон- Украинæйы  камисы рабадтыл  украинаг фарс   Сау Денджызы  патрул кæныны  æнæмæнгхъæугæдзинады фарста  сæвæрдзæн.  Украинаг медийы   хъусинагæй,  уый  фæдыл   евроинтеграцийы  фарстаты  Украинæйы   вице-премьер, Ивана  Климпуш-Цинцадзе  райхъусын кодта.

Украинæйы  вице-премьеры  фидиуæнæй,     Сау Денджызы  НАТО-ы  уæнг  бæстæты  æфсæддон   науты   патрулдзинад  нырид рагæй  фæстæмæ  альянсы  мидæг  дискусситы  фарста у зæгъгæ.

«НАТО-ы   уæнг бæстæты хай  Сау Денджызы   сæрты  уæлдæфон  патрулдзинад  æххæс кæны.ю фæлæ зонын  цæмæй  альянсы  иуæй-иу  бæстæ   активонæй  йæ фарс хæцы  Сау Денджызы  æфсæддон наутæй  патрул кæнынæн дæр. Фæнысан кæнинаг у, цæмæй   Гуырдзыстон æмæ Украинæ раздæр равдыстой  цæттæдзинад, хайад райсой   партнертимæ иумæ  Сау Денлджызы  æфсæддон-денджызон  патрулдзинады»   банысан кодта  Клипуш-Цинцадзе.

НАТО-Гуырдзыстон-Украинæйы   камисы рабадт  4-5  декабрмæ плангонд НАТО-йы  фæсарæн хъуыддæгт министериалы  фæлгæтты  ацæудзæн.

«Фембæлдыл   нæ министр ноджы иу хатт  бавдисдзæн нæ партнертæн информаци 25  ноябры   айтынггонд  фæзындты  фæдыл æмæ  уый тыххæй, цæмæй   куыд у уавæр ныр, сæрмагондæй та, Уæрæсейы æрдгæй  Азовы  денджызы  украинаг портытæм   наутæн бацæуæн сæхгæныныл, мах науты  æрцахсыны  æмæ  уый фæдыл   цæмæй  куыд ахаст дарынц  уыдон   ахст  украинаг  наудзогтæм» – райхъусын кодта  Климпуш-Цинцадзе.

Украинæйы  вице-премьер  Уæрæсейы  æрдгæй   ахст  украинаг  наудзогты  хæстуацайрæгтæй  схуыдта.