Натиа Мезвришвили коменданты сахаты нысаниуæгы тыххæй лæмбынæг радзырдта
Гуырдзыстоны Фыццаг Каналы информацион программа «Моамбе»-йы Гуырдзыстоны хицауады администрацийы хистæр коменданты сахаты нысаниуæг райхæлдта.
«Коменданты сахат нын ратта фадат, фæкаддæр кодтаиккам мобилондзинад, кæцы уый дары йæ хъуыдыйы цæмæй фæурæдтаиккам адæймæгты къордгай змæлд, æд бинонтæ, хæстæджытæм, хæлæрттæм уыцы периоды – изæры афон, кæцы нымад цæуы ивхæрсæн рæстæгæй. Изæр у растдæр уыцы период, адæймæгтæн хиаивхæрсыны нысанæн, кæрæдзиимæ сегасдæр хæстæг коммуникаци куы ис, уазæгуаты фæцæуынц хæстæджытæм, хæлæрттæм. Коменданты сахаты æрбайсты нысан уыд социалон дистанци райрæзын кæнын, коммуникацийæ максималонæй хиаиуварс кæнын, уымæн æмæ уыцы уавæрты, бартæ, кафетæ, ресторантæ æхгæд куы сты, ахæм типы активондзщинад ахизы хæдзæрттæм, цы ран социалон дистанци контрол кæнын æмæ æмбæлон фæткойтæ хъахъхъæнын бирæ зын дæр у. Мачи зæгъæт, цæмæй кæд абон коменданты сахат аивдзыстæм, уæд сæм зæрдæсайæн нæ фæзындзæнис, ахизой сыхæгтæм, фæуазæг уой хæстæджытæм æмæ сæм сæхимæ фæдзурой фынгмæ. Уымæй дарддæр ма, коменданты сахат, «биржæтæй» цы хонынц уымыты æмбырдтæ превенци скæннæн иттæг нысаниуæгджын механизм у. Уый тыххæй дæр æмбарын, цæмæй у дискомфорт, фæлæ афтæдæр у тынг дзæбæх мæцъис цæмæй эпидемийы ахæлиуы превенци скæнæм æмæ дзы ацы механизмæй нæ пайда кæнæмæ æрмæст мах, афтæ куыд хæдтулгæты мидæг æртæ адæймагы фæдыл арæнвæрд æмæ æртæ лæгæй фылдæры æмбырды тобæ нæ сфидар кодтам æрмæстдæр мах. Афтæ архайынц бирæ бæстæты æмæ дзытмахæй карздæр регуляцитæй дæр» – банысан кодта Натиа Мезвришвили.